Википеди:Викирардтæ
Викирардтæ у Викимедийы проект, æмæ йæ хæс у рымбырд кæнын гом рарддон, кæцыйы алкæмæндæр ис бар ивын. Мартъийы райдианмæ гæсгæ Викирардтæ дарынц Википедиты æхсæн æрвитæнты (интервикиты), цæмæй Википедийы куыст фенцондæр уа. Зæгъæм, кæд раздæр Хетæгкаты Къостайы интервикитæ йæ тексты хъуыдис фыссын, уæд сæ ныр Викирардты хъæуы амонын, Къостайæн конд сæрмагонд фарсыл (wikidata:Q368956).
Фидæнмæ, Викирардты уыдзысты инфобоксты бæрæгтæ. Зæгъæм, паддзахады фæзуат цас у, цæугæдон цас даргъ у æмæ æндæр ахæм информаци.
Æвзæгты ’хсæн æрвитæнтæ (Фыццаг фазæ)
ивынАлы фарс дæр интервикитæ исы Викирардтæй, кæд ын ум сæрмагонд фарс ис. Раздæры системæ нырмадæр кусы. Кæд фарсы мидæг интервики æрвиты иу фарсмæ, æмæ Викирардтæ та æвдисынц æндæр фарсмæ, уæд æрмæст бынæттон интервики æрцæудзæн æвдыст.