Википеди:Глоссари

Ай у Википедийы глоссари. Ам сты фыст Википедийы арæхдæр пайдагонд терминтæ.

POTD
Кæс Боны Ныв.
Администратор, Админ
Архайæг, кæмæ ис ахæм бартæ куыд фарс ног ивдтытæй сæхкæнын, фæрстæ хафын, архайджыты хъоды кæнын æмæ æндæртæ. Радгæс дæр уый у.
Архайæг
Алчидæр, чи кусы Википедийы.
Æнæном архайæг
Архайæг, кæцы Википедийы не срегистраци кодта, кæнæ та системæмæ нæ бахызтис.
Боны ныв
Википедийы проект, кæцы алы бонæн цæттæ кæны дзæбæх ныв, æмæ йæ Сæйраг фарсыл æвдисы.
Категори
Фæрсты къорд, кæцы Википеди йæхæдæг тымбыл кæны категорийы бæрæггæнджыты æххуысæй. Бæрæггæнæджы хуыз у ахæм: [[Категори:Дæнцæг категори]].
Радгæс
Кæс Администратор.
Разамынд
Ахæм документ, кæм сты фыст Википедийы кусыны алыхуызон уагæвæрдтæ æмæ рекомендацитæ.
Статья
Кæс Уац.
Тæрхоны фарс
Ахæм фарс, кæцы у сæрмагондæй ныхас кæнынæн æмæ тæрхон кæнынæн. Тæрхоны фарс вæййы баст æндæр фарсмæ. Зæгъæм алы уацæн дæр ис йæхи тæрхоны фарс.
Уац
Энциклопедийы бындурон иуæг. Алы уацæн дæр ис йæхи фарс, фæлæ ис ахæм фæрстæ, кæцытæ уацтæ не сты. 2012-æм азæй хуыздæрыл нымад цæуы термин уац[1]. Статья дæр æй хонынц.
Фарс
Википедийы бындурон иуæг. Уым ис текст, кæцы ис гæнæн ивын.
Хуызæг
Иу фарс иннæ фарсы тыст куы вæййы, уæд тыст фарс у хуызæг. Хуызæгтæй архайынц цæмæй иухуызон текст алы хатт ногæй фыссын ма хъæуа. Бирæ хатт фыссыны бæсты, архайджытæ иу хатт хуызæджы ныффыссынц æмæ дзы стæй пайда кæнынц. Йæ æндæр ном у Шаблон. Кæс Категори:Википеди:Шаблонтæ.
Шаблон
Кæс Хуызæг.

Фиппаинæгтæ

ивын