Википеди:Стилы разамынд
Википедийы стилы разамынд (цыбырæй СР) у Википедийы статьятæ цы стилы хъуамæ фыст уой, уый разамынд.
Статьяйы сæргæндтæ
ивынСтатьяйы дæлхай фыст нæма у. |
Æвзаджы варианттæ
ивынСтатьяйы дæлхай фыст нæма у. |
Аббревиатурæтæ
ивын- Аббревиатурæйы фыццаг фæзынд
- Аббрæвиатурæйæ кæд дæ фæнды спайда кæнын, уæд уал йæ фыццаг фæзынды раз ныффысс, цы нысан кæны, æмæ йæ фæстæ къæлæтты — аббревиатурæ. Дарддæр дæ бон у фыссын æрмæст аббревиатурæтæ.
Раст | Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæ (ГССР) уыдис Советон Цæдисы рæспубликæтæй сæ иу. ГССР ахицæн ис Советтон Цæдисæй 1990-æм азы |
Рæдыд | ГССР уыдис Советон Цæдисы рæспубликæтæй сæ иу. ГССР ахицæн ис Советон Цæдисæй 1990-æм азы |
- Аббревиатурæйы формæ
- Аббревиатурæ бирæон нымæцы кæнæ исты хауæны куы æвæрай, уæд æм бафтау дефис (-) æмæ фæсæфтуан -тæ, кæд æй бирæон нымæцы æвæрыс, кæнæ хауæны фæсæфтуан.
Раст | Рæдыд | Рæдыд |
---|---|---|
АБВ-тæ | АБВтæ | АБВ'тæ |
- Нæуæг аббревиатурæтæ ма мыс
- Дæхи хиз нæуæг аббревиатурæтæ мысынæй. Зæгъæм Дунеон Боксы Ассоциаци хорз у World Boxing Association-ы тæлмацæй, фæлæ ДБА у рæдыд æмæ йæ макуы фысс. Пайда кæн официалон аббревиатурæйæ, WBA.
- HTML элемент
- Википеди уадзы архайын ахæм HTML элементæй куыд
<abbr>
. Уымæй дæ бон у, аббревиатурæ чи уыны, уымæн баххуыс кæнын. Зæгъæм, ахæм код<abbr title="Америчъы Иугонд Штаттæ">АИШ</abbr>
равдисдзæнис АИШ. Мыст фысты сæрмæ куы бауадзай, уæд дын аббревиатурæйы нысаниуæг бацамондзæнис. Уыимæ ма фен шаблон {{Ома}}.
Пунктуаци
ивын- Цыбыргæндты фæстæ
Цыбыргæндты фæстæ æвæр стъæлф.
Раст | Рæдыд |
---|---|
уырыс. | уырыс |
Кæд цыбыргонд хъуыдыйады кæрон ис, уæд йæ фæстæ æвæрынц æрмæстдæр иу стъæлф.
Раст | ...урс, цъæх æмæ æнд. |
Рæдыд | ...урс, цъæх æмæ æнд.. |
Нымæцонтæ
ивын- Нымæцтæ æдзух фысс стандартон «араббаг» цифрæтæй. Æрмæстдæр æнустæ æмæ фембæлдтытæ (съездтæ, олимпаг хъæзтытæ æмæ а. д.) нысангонд цæуынц ромаг цифрæтæй:
Раст | Рæдыд | Рæдыд |
---|---|---|
XIX æнусы райдиан, СЦКП-йы XXVI съезд |
19-æм æнусы райдиан, СЦКП-йы 26-æм съезд |
19 æнусы райдиан, СЦКП-йы 26 съезд |
- Текстты мидæг чысылдæр нымæцтæ (дæс æмæ къаддæр) фыссынц дамгъæтæй:
Раст | Рæдыд |
---|---|
зилгæйаг æртæ лæппуйы | зилгæйаг 3 лæппуйы |
Цыбыргæндтæ
ивынНыхас цыбыр кæнын хъæуы арæхсгай. Фылдæр ницы пайда у. Фæлæ вæййынц ахæм уавæртæ, кæдоны, ныхас хъæуы фæцыбыр кæнын. Уыцы уавæртæ сты:
- Ныхас литературæйы фылдæр цыбырæй фыст цæуы. Зæгъæм, литературæйы, ныхас æмæ æндæртæ ранымады фæстæ афтæ дæр фыстынц: æмæ æнд. кæнæ æ.æ.
Цитатæтæ
ивынСтатьяйы дæлхай фыст нæма у. |
Æрбайсгæ дзырдты растфыссынад
ивынСтатьяйы дæлхай фыст нæма у. |