Википеди:Хицауадмæ фыстæг
К Международному дню родного языка (21 февраля) предлагается направить в Правительство и Парламент РСО—А письма с выражением озабоченности состоянием осетинского языка. Ниже предлагаются черновик письма от имени диаспоры (или иной группы) и черновик общего письма.
Над страницей есть ссылка „баив æй“, пользуйтесь ей, чтобы править тексты.
Обращения можно отправлять по почте на адрес 362038, Владикавказ, Площадь Свободы, 1 (Глава, Правительство и Парламент в одном здании) или через веб-форму на сайте Правительства РСО-А.
Шаблон (на русском)
ивын(Главе Республики, в Парламент и Правительство)
Уважаемый Глава Республики Северная Осетия - Алания! Уважаемые депутаты! Уважаемые члены Правительства!
Я, _____________ , обеспокоен(а) положением с осетинским языком в республике, его недостаточным присутствием в СМИ, в сфере образования, в государственных органах. Уровень владения осетинским языком, особенно его литературной нормой, снижается, падают тиражи осетинских изданий.
Ситуация требует вмешательства. в современном мире невозможно поддерживать и развивать языки национальных меньшинств без государственной поддержки. Исключение языка из всех сфер деятельности и определение для него роли языка обрядности и домашнего общения — это, по сути, смертный приговор, потому что если вся внешняя среда иноязычна, то сохранение родного языка в рамках семьи не может быть долгим.
Наш язык прекрасен. Сам язык и созданные на нём тексты несут большую историческую и культурную ценность. Даже если осетины полностью перестанут говорить на родном языке, наша речь еще долгие годы будет изучаться учеными — иранистами, историками, этнологами. Однако меня не устраивает столь печальное будущее нашего языка. Считаю, что мировоззрение народа напрямую зависит от языка, на котором он говорит, — теряя язык, мы теряем культурную самобытность и историческую связь с нашими предками.
На мой взгляд, чтобы сохранить интеллектуальный и духовный потенциал Осетии и осетинской нации, необходимо решить ряд задач, входящих в сферу вашей компетенции:
- Принять «Закон Республики Северная Осетия–Алания о языках».
- Обеспечить полномасштабную реализацию Республиканской целевой программы «Осетинский язык».
Осетинский язык должен не только преподаваться, но и использоваться в детских садах и школах в качестве языков обучения и воспитания. Необходимо создание доступных образовательных программ и курсов для лиц, не владеющих осетинским языком вовсе или желающих повысить свой уровень.
Создание республиканского осетиноязычного телерадиовещания могло бы стать хорошим способом популяризации и развития современного осетинского языка. Нужна поддержка осетиноязычных СМИ, их выведение на современный уровень. Этого можно было бы достичь, в частности, создав их электронные версии. Достаточно сказать, что у ведущего осетинского печатного органа — газеты «Растдзинад» — до сих пор нет своего сайта.
Вывески, наименования улиц и населенных пунктов, официальные интернет-сайты государственных органов власти должны дублироваться на русском и осетинском языках.
Знаю, что в Парламенте и Правительстве много людей, разделяющих заботу об осетинском языке. Косвенным свидетельством этому стала принятая целевая программа «Осетинский язык». К сожалению, запланированное финансирование по программе осуществляется лишь частично. Уверен, что расходы такого рода нужно рассматривать как инвестиции — инвестиции в будущее Осетии!
Надеюсь, вы понимаете ту меру исторической ответственности за продолжение нашей национальной традиции, которая лежит на вас.
Ирон адæмæн Хуыцау радта ирон æвзаг, æмæ Хуыцауы лæварæн аппарæн нæй — уый стыр тæригъæд у. Æнæ ирон æвзаг æмæ æгъдауæй махæн фидæн нæй!
С уважением,___________________ (подпись с расшифровкой)
Мой адрес: __________________________________ (куда будет направлен ответ соответствующего ведомства).
Ирон тæлмац
ивын(Республикæйы Сæргълæууæгмæ, Парламент æмæ Хицауадмæ)
Республикæ Цæгат Ирыстон–Аланы цытджын Сæргълæууæг!
Цытджын депутаттæ! Хицауады цытджын уæнгтæ!
Æз дæн ___________________ . Мæн стыр мæты æфтауы, нæ республикæйы ирон æвзаг цы уавæры ис, уый. Нæ мадæлон æвзагæй фаг пайдагонд нæ цæуы ахуырады къабазы, дзыллон хабархæссæг фæрæзты, паддзахадон оргæнты. Ирон æвзаг, уæлдайдæр йæ литературон нормæ зоныны æмвæзад кæны ныллæгæй ныллæгдæр, къаддæр кæнынц ирон газеттæ æмæ журналты тиражтæ.
Ахæм уавæрæн дарддæр быхсæн нал ис. Мæнæн дызæрдыггаг нæу, нырыккон дунейы æнæ паддзахадон æххуысæй иунæг чысыл адæмы æвзаг дæр цæрын æмæ рæзынхъом кæй нæу. Æвзаг цардархайды æппæт къабæзтæй фæцух кæн æмæ йæ æрмæст бинонты ’хсæн дзурынæн æмæ фынджы уæлхъус кувынæн ныууадз — уæд уый уаид, æргомæй зæгъгæйæ, марыны тæрхон рахæссæгау нæ хæзнайæн, уымæн æмæ нæ алфамбылай алцыппæт æцæгæлон æвзагыл куы уа, уæд бинонты ’хсæн мадæлон ныхас дæргъвæтин рæстæджы дæргъы æнæхъыгдардæй фæцæра, уымæн уæвæн нæй.
Не ’взаг у æвæджиауы хæзна. Æвзагæн йæхицæн дæр, стæй, цы тексттæ йыл сфæлдыстæуыд, уыдонæн дæр ис стыр историон æмæ культурон ахадындзинад. Хуыцау бахизæд, фæлæ, мыййаг, ирæттæ сæ мадæлон æвзагыл куы нал дзурой, уæд дæр ма нæ сæфт хæзна бирæ азты дæргъы ахуыр кæндзысты ахуыргæндтæ — иранисттæ, историктæ, этнологтæ. Фæлæ æз разы нæ дæн не ’взаджы ахæм кæуинаг фидæныл. Мæнмæ гæсгæ, адæмы зондахаст комкоммæ баст у, цы æвзагыл дзуры, уыимæ, æмæ иугæр афтæ у, уæд æвзаджы сæфтимæ фесæфы нæ культурон хæдбындурдзинад, аскъуыйы нæ бастдзинад нæ фыдæлтимæ.
Мæнмæ гæсгæ, Ирыстон æмæ ирон нацийы интеллектуалон æмæ монон мидхъару бахъахъхъæнынæн æнæмæнг хъæуы сæххæст кæнын, æнæхъæнæй уæ бары чи ис, къорд ахæм хъуыддаджы:
- Сфидар кæнын хъæуы «Æвзæгты тыххæй Цæгат Ирыстон–Аланы закъон».
- Республикон нысанон программæ «Ирон æвзаг» æххæстгонд цæмæй цæуа, уымæн хъæуы саразын æппæт мадзæлттæ æмæ уавæртæ.
Ирон æвзаг хъуамæ ма уа æрмæст ахуыры предмет, фæлæ æнæмæнг хъуамæ уа ахуыры процессы фæрæз. Æз бæлвырд зонын, Ирыстоны ацы хъуыддаджы фæдыл ног методикон иртасæнтæ æмæ проекттæ кæй ис, уый, æмæ уæ курын, цæмæй баххуыс кæнат уыцы хъæппæристы сæххæстæн.
Æнæмæнг хъæуы саразын къухыфтгæ (ома аслам æмæ æнцонæй пайдагæнæн) ахуыргæнæн программæтæ æмæ курсытæ ахæм адæймæгтæн, бынтон чи нæ зоны æвзаг, стæй сæ æвзаг зоныны æмвæзад фæхуыздæр кæнын кæй фæнды, уыдонæн.
Республикон ирон (ома ирон æвзагыл чи кусид) телеканал æмæ радиостанцæйы сарæзт уаид нырыккон ирон æвзаг популяризаци æмæ рæзын кæныны тынг ахадгæ фæрæз.
Мæнмæ гæсгæ ирон мыхуыры фæрæзтæ сты фæкæсинаг. Æнæмæнг сæ хъæуы сисын нырыккон æмвæзадмæ. Уымæн ахъаззаг мадзалыл æз нымайын ирон газеттæ æмæ журналты электронон верситæ саразыны хъуыддаг. Мæ хъуыды равдисынæн фаг уаид иу факт — ныронг нæма ис хи сайт зынгонддæр ирон газет «Рæстдзинад»-æн.
Дуканиты, кусæндæтты, стæй уынгты æмæ цæрæнрæтты (хъæутæ æмæ сахарты) нæмттæ, хицаудзинады паддзахадон оргæнты официалон сайттæ хъуамæ уой дыууæ æвзагыл — уырыссаг æмæ ирон.
Æз зонын, Парламенты дæр æмæ Хицауады дæр кæй ис, ирон æвзаджы уавæр катайы чи æфтауы, ахæм адæймæгтæ. Мæнмæ гæсгæ, уымæн æвдисæн у, нысанон программæ «Ирон æвзаг»-ы райст. Хъыгагæн, йæ сæххæстæн цы ’хцатæ пълангонд уыдис, уыдон æххæстæй уагъд не ’рцыдис. Мæн фидарæй уырны: ахæм хæрдзтæм кæсын хъæуы куыд инвестицитæм — Ирыстоны фидæныл чи куса, ахæм инвестицитæм!
Тыхджын экономикæ саразын, зонад райрæзын кæнын, спорты мидæг æнтыстытæ равдисын — æппæт ацы хъуыддæгтæ дæр комкоммæ баст сты адæмы химбарынадимæ, йæ культурæ æмæ йæ зондахастимæ. Æнæминиуæг массæ уæлахиздзау уа, уымæн уæвæн нæй, фæлæ адæмы бон бирæ у. Æмæ нæ адæм уый иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыстой! Цæвиттонæн райсæм не ’мзæххонты хайбавæрд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизмæ. Уый уыдис, иронау чи дзырдта æмæ хъуыды кодта, фæлæ уыимæ не стыр æмæ бирæнацион Райгуырæн бæстæйы сыгъдæгзæрдæ патриоттæ чи уыдис, ахæм æцæг ирæтты сгуыхтдзинад. Мæн тынг фæнды, цæмæй куыд сабыр царды, афтæ (Хуыцау бахизæд!) хæсты заман дæр, нæ фæстæ чи уыдзæн, уыцы фæлтæр уой нæ фыдæлты кады аккаг. Фæлæ мадæлон æвзаг куы нæ хъахъхъæнай æмæ йæ рæзын кæныныл куы нæ кусай, кæстæр фæлтæртæн ирон æгъдæуттæ уарзын куы нæ кæнай, уæд æппæт уыцы зæрдæдарæнтæ уыдзысты æнæрцæугæ бæллицтæ.
Ныфс мæ ис, æххæстæй йæ кæй æмбарут, нæ национ традици адарддæр кæныны хъуыддаджы сымахмæ цы историон бæрн æрхаудта, уый.
Ирон адæмæн Хуыцау радта ирон æвзаг, æмæ Хуыцауы лæварæн аппарæн нæй — уый стыр тæригъæд у. Æнæ ирон æвзаг æмæ æгъдауæй махæн фидæн нæй!
Аргъ уын чи кæны, уыцы ____________________________ (уæ ном æмæ уæ къухæрфыст)
Мæ адрис: _________________________________________ (дзуапп кæдæм æрбацæуа, уый)
Статистика
ивынШаблон личного письма (от первого лица единственного числа) есть на http://ironau.ru/pismo2010.html Есть мнение, что десять отдельных личных писем могут быть по ряду причин интереснее и эффективнее одного, подписанного десятью человеками. Там же — http://ironau.ru/pismo2010.html — форма, в которой можно отписаться, что я, такой-то такой-то, отправил письмо в бумажном виде такого-то числа. Не поленитесь отписаться, если отправили.