Гæбуты Азæмæт
Гæбуты Барисы фырт Азæмæт (фæсномыг — Джонни Рамонов[1][2]) у уæрæсейæг æмæ ирон фыссæг, юрист.
Гæбуты Азæмæт | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1985 |
Райгуырæны бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | прозаик |
Сфæлдыстады азтæ | 2009 — |
Гæбуты Азæмæт райгуырдис Дзæуджыхъæуы, 1985-æм азы. Каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет, стæй та аспирантурæ О. Е. Кутафины номыл МПЮУ[2]. У юридикон зонæдты кандидат[1], кусы Мæскуыйы юристæй[1].
Йæ фыццаг уацаутæ нымыххуыр кодта дзæуджыхъæуаг журнал «Дарьял»-ы, фыста сæ æд фæсномыг Джонни Рамонов[3]. Журналы интернет-версийы руаджы йæ уацмыстæ уыдысты интернеты ирон хайадæн дзуринæг цаутæ, æмæ цыл æрæх ныхас кодтой ирон форумтæ æмæ социалон хызты, афтæ рауад йæ радзырдтимæ «Реваз» (2009) æмæ «Аделинæ» (2008)[1].
Радзырд «Реваз»-ы сатарикон формæйы æвдыст цæуы, фæсивады ныхмæцæуыны хъуыддагтыл министрады кусын кæмæн йæ бон у, ахæм нырыккон æвзонг дзæуджыхъæуаджы сатирикон хуыз. Гæбуйы-фырты ныхæстæм гæсгæ, ацы радзырд рухс куы федта, уый фæстæ министрады мидæггæг слест цæуын райдыдта[1]:
С Ревазом вышла смешная история. Это абсолютно собирательный образ молодого жителя Владикавказа, который работает в Министерстве по борьбе с молодежью. В минмолодежи я никогда не был и никого оттуда не знал. Но, видимо, описал всё похоже, потому что сотрудники дружно решили, что это работа инсайдера, и даже определили «подозреваемого»: он писал в своем ФБ, что его вызывал министр и спрашивал, зачем он занимается «этой фигней». |
Йе ’цæг номимæ мыхуырмæ цыд журналтæм: «Октябрь», «Дружба народов» æмæ Esquire Russia[2]. 2018-æм азы сæрды рауагъдад «Эксмо» рауагъта йæ фыццаг роман «Уазал бон хуры бын»[4][5][6]. Чиныджы кой цæуы дыууæ Дзæуджыхъæуы цæрæг чызджытыл, Майæ æмæ Зæринæйыл[6].
Гæбуйы-фырт фыссы фыццаг цæсгомæй, æрæх пайда кæны фæсивæдон сленг, æлгъыстытæ æмæ ирон æвзагæй ист ныхæстæй.[1].
Премитæ
ивын2009-æм азы «Неформат» премийы лонг-листмæ бацыд, 2011-æм азы та «Дебют» премийы лонг-листмæ.[1] 2019-æм азы, æд йæ роман «Хуры бын уазал бон», бацыд преми «ФИКШН35»-ы шорт-листмæ[7][8], журнал GQ-мæ гæсгæ у Уæрæсейы фондз æппæты хуыздæр æвзонг фысджытæй сæ иу[9].
Тæлмæцтæ
ивынЙæ дыууæ радзырды, «Реваз» æмæ «Нæйы. Ды та?», тæлмæцгонд æрцыдысты эсперантойы æвзагмæ альманах Beletra Almanako-йы[2], 2011-æм азы. Англисаг æвзаджы рацыд йæ радзырд «Фырт»[10] (2020-æм азы ноябрь).
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 1,5 1,6 «Абсурд все гуще и смешнее» (интервью с Азаматом Габуевым) . Датæ: 2019-æм азы 20 декабры.
- ↑ 2,0 2,1 2,2 2,3 Рассказ осетинского прозаика Азамата Габуева опубликовали в Esquire . Sputnik Южная Осетия. Датæ: 2020-æм азы 8 январы.
- ↑ Алан Цхурбаев о 90х в Осетии, подпольной литературе и становлении журнала "Дарьял" . Датæ: 2019-æм азы 19 декабры.
- ↑ Холодный день на солнце . eksmo.ru. Датæ: 2020-æм азы 8 январы.
- ↑ "Я не позорю Осетию" . RFE/RL. Датæ: 2020-æм азы 8 январы.
- ↑ 6,0 6,1 Писатель из Осетии Азамат Габуев представил свою книгу на Московской международной книжной выставке-ярмарке . 15-Й РЕГИОН. Датæ: 2020-æм азы 8 январы.
- ↑ Короткий список | Фикшн35(недоступная ссылка). Премия ФИКШН35. Датæ: 2019-æм азы 27 декабры. Архив 2021-æм азы 10 ноябры.
- ↑ Объявлен шорт-лист премии ФИКШН35 - рецензии и отзывы читать онлайн . prochtenie.org. Датæ: 2020-æм азы 8 январы.
- ↑ Осетин и дагестанка вошли в пятерку лучших молодых писателей России по версии журнала GQ, 25.12.2018.
- ↑ “Son” by Azamat Gabuev, translated from the Russian by Elaine Veronica Wilson(англ.). Датæ: 2020-æм азы 11 ноябры.