Галæгон

Дымгӕты бардуаг

Галæгон у дымгæты бардуаг ирон мифологийы. Арæх æмбæлы эпитет «уæларвон»-имæ. Цæры иунæгæй хæхты бæрзæндты. Уырдыгæй рауадзы уад æмæ тымыгътæ. Хоргæ дымгæмæ дарыны рæстæг-иу ирон адæм Галæгоны куырдтой хорз рæстæг. Дымгæ-иу куы нæ уыдис, уæд-иу æргæвстой, дымгæйы бардуаг адæмæй цы иунæг нывонд иста, уый-сырх лæппын уасæг, æмæ-иу кодтой æгъдау æмæ фæткмæ гæсгæ цы ’мбæлдис, ахæм алыхуызон архæйдтытæ.