Галковский, Дмитрий Евгенийы фырт

Дмитрий Евгенийы фырт Галко́вский у нырыккон уырыссаг фыссæг, историк æмæ публицист.

Дмитрий Галковский
уырыс. Дмитрий Евгеньевич Галковский
Райгуырды датæ 1960-æм азы 4 июны(1960-06-04)[1] (63 азы)
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз историк, философ, фыссæг, публицист
Уацмысты æвзаг уырыссаг[2]
galkovsky.livejournal.com
galkovsky.ru
samisdat.com

Цардафыст ивын

Райгуырдис 1960-æм азы 4 июны Мæскуыйы. Йæ фыд уыдис заводы инженер, мад куыста хуыйæгæй. Дыууæ ныййарæгæн дæр сæ фыдæлтæ рацыдысты хъæууон сауджынты бинонтæй. 1977-æм азы каст фæцис 51-æм немыцаг сæрмагонд скъола. Скъола фæуыны фæстæ æртæ азы (19771980) фæкуыста Лихачёвы номыл заводы джиппыуадзæн корпусты рыгтæахсæг кусæнгæрзтæ рæвдзгæнæгæй. Уый фæстæ куыста лаборантæй Малиновскийы номыл бронетанкон æфсæдты Академийы (1980-æм азы). Цæмæй æфсадмæ акæнынæй хызт уа, уый тыххæй 1978-æм азы цалдæр мæйы фæхуыссыдис Кащенкойы номыл рынчындоны. Йæ царды ацы цау нывгонд æрцыдис йæ автобиографион пьесæ «Фæрæтæй конд кас» («Каша из топора»)[3].

Каст фæцис Мæскуыйы паддзахадон университеты философион факультеты изæрон хайад (1980—1986). Йæ ахуыры профилон къабаз уыдис фæсарæйнаг философийы истори. Дипломы темæ: «Мæлæт æмæ хиамарыны мотивты анализ Платоны сфæлдыстады».

1985-æм азы скульптор Валерий Евдокимов скодта Галковскийы бронзæ бюст. Фæстæдæр уыцы бюст æвдыст цыдис цалдæр равдысты. 1988—1989 азты куыста Александр Морозовы «самиздатон» журнал «Параграф»-ы. 1980-æм азты цæрæнфæрæзтæ амал кодта æнæзакъон литературæ халдих æмæ уæй кæнынæй (хæлиу кодта «самиздат»).

1990-æм азты райдианы иуцасдæр фæкуыста уырыссаг литературæйы ахуыргæнæгæй Мæскуыйы театралон лицейы. Йæ ахуыргæнинæгтæй иу уыдиc ныртæккæйы зындгонд актрисæ Виктория Толстоганова. 1997-æм азы Дмитрий Галковский ссис литературон преми «Антибукер»-ы лауреат (преми нæ райста) [4].

Библиографи ивын

Дмитрий Галковский у философион роман «Æнæкæрон къуырцдзæвæн»-ы («Бесконечный тупик», М., 1997, 1998, 2008) автор. Уымæй уæлдай ма ныффыста радзырдтæ, пьесæтæ æмæ публицистон уацтæ.

1996—1997 азты мыхуыры уагъта журнал «Саст хъыбыллæ» («Разбитый компас», рацыди æртæ номыры). Сарæзта советон поэзийы антологи «Уткоречь. Антология советской поэзии» (Псков, 2002). http://www.samisdat.com/6/6-antol.htm Архивгонд æрцыдис 28 августы 2008 азы.

2002-æм азы журнал «Новый мир» ныммыхуыр кодта киносценари «Бабызыцъиуты хæлар» («Друг утят»). Рауагъта дыууæ публицистон чиныджы: «Пропагандæ» (1990—1997 азты уацты æмбырдгонд, Псков, 2003) æмæ «Магнит» (2001—2004 азты уацты æмбырдгонд, Псков, 2004).

Фыссæджы архайд «Цардæгас Журнал»-ы («Живой Журнал») ивын

2003-æм азы байгом кодта блог LiveJournal-ы:  galkovskyблог «LiveJournal»-ы, автор: Галковский, Дмитрий Евгенийы фырт

Уым фыссы уацтæ алыхуызон темæтыл. Йæ блогы тæккæ ахадгæдæр сты мæнæ ахæм темæтыл фыст уацтæ:

Æрвитæнтæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын