Ганнушкин, Пётр Борисы фырт

Ганнушкин Пётр Борисы фырт (райгуырдис 1875-æм азы 24 февралы — амардис 1933-æм азы 23 февралы, Мæскуыйы) уыдис уырыссаг психиатр, Сергей Корсаковы æмæ Владимир Сербскийы ахуыргæнинаг, оригиналон психиатрион скъола саразæг.

Петр Ганнушкин

Цардафыст æмæ зонадон архайд

ивын

1898-æм азы каст фæцис Мæскуыйы университет. Куыста дзы психиатрийы кафедрæйы профессорæй. 1918-æм азæй уыдис Мæскуыйы университеты психиатрион клиникæйы директор, 1930-æм азæй — Мæскуыйы 1-æм медицинон инситуты.

Сарæзта патологион характерты ахуырад. Йæ чиныг «Психопатиты клиникæ: сæ статикæ, сæ динамикæ æмæ сæ систематикæ»-йы уый рæгъмæ рахаста ахæм классификаци: циклоидтæ, астениктæ, фæлдурæджджынтæ, антисоциалонтæ, конституционалонæй хъæлатæ. Ахуыргонд ма скодта ахæм уæлæмхасæн дæлкъордты афыст: депрессивон, цырындзæг (уырыс. возбудимый), эмоционалон-лабиалон, неврастениктæ, психастениктæ, сæнттæцæгъдæг, фанатиктæ, патологион сайæг.

Йæ типологийы элементтæй фидæны йæ кусытыты спайда кодта Андрей Личко.

Ганнушкин ма экспериментты фæрцы иртæста гипноз.