Гекатомбæ
Гекатомбæ (гр. ἑκατόμβη, ома «сæдæ галы») — рагон грекъæгтæ-иу сæдæ галы куы снывонд кодтой æмæ-иу сæ иумæ куы æргæвстой, уæд уый хуыдтой «гекатомбæ». Фæстæдæр ахæм ном сæвæрдтой алыхуызон стыр нывæндтæ кæныны æгъдауыл.
Æппынфæстаг уыцы æгъдау райста символикон мидис æмæ-иу гекатомбæ хуыдтой, адæм-иу дзыллæгай куынæг куы æрцыдсты, кæнæ-иу тынг бирæйæ иумæ куы бабын сты, уæд уый.