Гудиашвили, Ладо
Гудиашвили Давиды фырт Ладо (гуырдз. ლადო გუდიაშვილი; райгуырдис 1896 азы 18 мартъийы Тбилисы (Калачы) — амардис 1980 азы 20 июлы) у XX æнусы зынгæдæр гуырдзиаг нывгæнджытæй иу.
Ладо Гудиашвили | |
---|---|
гуырдз. ვლადიმერ დავითის ძე გუდიაშვილი | |
Райгуырды датæ | 18 (30) мартъийы 1896[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1980-æм азы 20 июлы[1][3][…] (84 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Хорзæхтæ | |
Сайт | art.gov.ge |
Къухæрфыст | |
Викикъæбицы медиа |
Цардвæндаг
ивынЛадо Гудиашвили райгуырдис 1896-æм азы Тбилисы, æфсæнвæндаджы станцæйы кусæджы бинонты. 14-аздзыдæй бацыди аивадон училищемæ. Ацы ахуырдон каст фæуыны фæстæ куыста скъолайы нывгæныны ахуыргæнæгæй. 1915-æм азы йæ райгуырæн сахары сарæзтæуыд, Гуырдзыйы аивады архайджыты ’хсæн йæ ном зындгонд чи скодта, уыцы фыццаг сæрмагонд равдыст. Гудиашвили сси, гуырдзиаг интеллектуалтæ хионыл кæй банымадтой, ахæм адæймаг. Нывгæнæг базонгæ ис, Паоло Яшвили кæй сарæзта, уыцы символист-поэтты къорд «Æрвцъæх сыкъатæ»-йы уæнгтимæ; архайдта, гуырдзиаг архитектурæйы æвдисæйнæгтæ чи ахуыр кодта, уыцы археологион экспедициты; халдих кодта бирæ рагон фрескæтæ. Ладо уыциу рæстæг куыста нывгæнæг æмæ графикæй. 1919-æм азы кæй сарæзтæуыд, гуырдзиаг аивады уыцы равдысты æвдыст æрцыди Гудиашвилийы фæндзай ныв æмæ акварелæй фылдæр.
1915-æм æмæ 1918-æм азты ’хсæн базонгæ ис, йæ нывгæныны æрмдзæфыл тынг чи бандæвта, уыцы Никъо Пиросманиимæ.
Ладо æмбæрста, гуырдзиаг аивады дарддæры рæзтæн фæсарæйнаг аивадимæ бастдзинæдтæ кæй хъæуы, æмæ уымæн 1919-æм азы, нывгæнджытæ Давид Какабадзе æмæ Шалвæ Кикодзеимæ иумæ ацыдысты, уæды заман дунеон аивады ардзæстыл нымад чи уыди, уыцы Парижмæ.
Гудиашвили фæцарди Парижы æхсæз азы, йæхи нывтæ арæх алыхуызон равдыстыты æвдисгæйæ. 1925-æм азы Францы рацыди, æнæхъæнæй Ладойы сæфлдыстадыл фыст чи уыди, критик Морис Реналы уыцы чиныг.
Парижы цæргæйæ Ладо дардта бастдзинæдтæ бирæ нывгæнджытимæ, уыдоны ’хсæн Пабло Пикассо, Морис Утрилло, Амедео Модильяни, Игнасио Сулоага, Михаил Ларионов æмæ Наталия Гончароваимæ.
Гудиашвилийы равдыстытæ арæзт цыди канд Парижы нæ, фæлæ ма Марселы, Лионы æмæ Бордойы, гæццыл фæстæдæр та Лондоны, Ромы, Брюсселы, Амстердамы, Берлины æмæ Нью-Йорчы. Кæд Европæйы нывгæнæг нымад уыди æнтыстджыныл, уæддæр йын зын уыди йæ райгуырæн бæстæйæ дард цæрын æмæ 1925-æм азы раздæхти фæстæмæ Калакмæ.
1972-æм азы нывгæнæджы схорзæхджын кодтой ССРЦ-ы адæмон нывгæнæджы номæй, 1976-æм азы та — Социалистон фæллойы хъайтары стъалыйæ.
Гудиашвили æгас ма уыди, афтæмæй йæ куыстытæ хаст æрцыдысты алыхуызон зындгонд музейтæм, уыдонимæ — Скæсæны адæмты аивады Мæскуыйы Паддзахадон музеймæ æмæ Гуырдзыстоны аивæдты Тбилисы Паддзахадон музеймæ.
Нывгæнæг фæзиан 1980-æм азы июлы, цыди йыл 84 азы. Баныгæдтой йæ Мтацъминдайы. Тбилисы багом чындæуыд Ладо Гудиашвилийы музей-хæдзар.
Сфæлдыстад
ивынНывгæнæг йæхæдæг йæ сфæлдыстад æмæ йæ стилы тыххæй лæмбынæг никуы дзырдта æмæ хуыздæрæн-иу радта хæрз хуымæтæг дзуаппытæ.
Ладо Гудиашвилийы сфæлдыстады цæвиттойнаг миниуæг у йæ нывты техникон æмæ жанрон алыхуызондзинад. Ладо ныв кодта сойæ, гуашæй, акварелæй, арæзта къулнывтæ, графикæнывтæ, пайда кодта æмхæццæ техникæйæ. Йæ нывты ’хсæн ис портреттæ, пейзажтæ, историон, аллегорион, мифологион æмæ политикон нывтæ, эпикон æмæ лирикон куыстытæ, фæлæ уæддæр йæ стиль зынбазонæн нæу.
Гудиашвили, стæм хатт йеддæмæ, натурæйæ нæ ныв кодта. Уымæн æвдисæн у, йæ нывты ’хсæн натюрмортты нымæц чысыл кæй у.
Йæ нывты арæхдæр æмбæлынц адæймаджы (фылдæр хатт сылгоймаджы) æмæ цæрæгойы сурæттæ. Йæ лирикон нывты фенæн ис бæхы, хъуазы кæнæ маргъы; эпиконты та — арсы, маймулийы кæнæ, аргъæутты чи æмбæлы, ахæм кæфхъуындарты. Нывгæнæг хаста цæрæгойты суанг портреттæм дæр. Зæгъæм, Пиросманийы портреты ис газель, Галинæ Улановайы портреты та — хъуаз.
Ладо уыди дæсны график æмæ йæ нывты арæхсджынæй æвдыста змæлд. Уый уæлдай бæрæгæй зыны йæ графикон куыстыты æмæ, чингуытæн кæй сарæзта, уыцы нывты.
Литературæ
ивын- Моисей Каган, Ладо Гудиашвили. Аврора, Ленинград, 1984.
Æддаг æрмæг
ивын- Галерей æмæ биографи(æнæбаххæсгæ æрвитæн) (англ.)
- Галерей æмæ биографи Архивгонд æрцыдис 27 сентябры 2007 азы. (англ.)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Vladimir (Lado) Davydovich Gudiashvili (нидерл.)
- ↑ Delarge J. Lado GOUDIACHVILI // Le Delarge (фр.) — Paris: Gründ, Jean-Pierre Delarge, 2001. — ISBN 978-2-7000-3055-6
- ↑ Sokolov M. N. Lado Gudiashvili // Gudiashvili, Lado (англ.) // Grove Art Online / J. Turner — [Oxford, England], Houndmills, Basingstoke, England, New York: OUP, 2018. — doi:10.1093/GAO/9781884446054.ARTICLE.T035376
- ↑ Гудиашвили Ладо Давидович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ Большая российская энциклопедия (уырыс.) — Москва: Большая российская энциклопедия, 2004.