Гуфтайы хид — автотранспортон ахызт-хид Пацъайы сæртыл. Ис ын стратегион ахадындзинад.[1] 2008 азы хæсты рæстæджы сси популярон[1].

Хиды ныв
Гуфтайы хид

Фыццаг хатт хид арæзт æрцыд 1929-æм азы. Аразгæ йæ кодтой немыцаг инженертæ[2]. Ныртæккæ Пацъайы (æмæ Леуахийы баиуы сæртыл) сæртыл ис дыууæ хиды. Йæ хуссар фарсы ис ФПС-ы пост æмæ саггом Къуайсайы ’рдæм.

Истори ивын

Гуфтайы хид арæзт у Дзауыком æмæ Къуыдаргомы ’хсæн. Эксплуатаци кæнын æй райдыдтой 1929 азы 1 ноябры[3]. Арæзтой йæ 10 мæйы. Дæргъмæ у 72 метры, 22 метры та у йæ бæрзонд. Йæ арæзтады аргъ слæууыд 159 344 сомы[4]. Йæ рæстæджы Фæскавказы нæ йын уыд ныхмæдзæуæг арæзтады тагъдзинадмæ гæсгæ[5] Ныртæккæ ис тынг æвзæр уавæры.[6]

Зæронд хиды арæзтады куыстой ирон инженертæ дæр (Коцты Умар).[7]

Нырттæккæ зæронд хидæй ничиуал пайда кæны.

1980-æм æзты арæзт æрцыд ног хид. Транскамы арæзтады рæстæджы. Бынæттон адæм дзурынц: «Арызтой йæ гуырдзиæгтæ».[1]

Ног хидыл фылдæр бахардз кодтой, уый тыххæй æмæ арæзт æрцыд цæттæ æфсæнбетон конструкцитæй.[5]

Гуфтайы хиды сæрвæлтау тох ивын

Ног хиды ныв
Гуфтайы ног хид

Гуфтайы хиды кой «хъæрдæр» райдыдтой 2012 азы. Инæлар Хрулёв, кæцы хайад иста уыцы хæсты рæстæджы, фехъусын кодта уæды ситуацийы тыххæй лæмбынæгдæр.[1]

БТГрты размæлды размæ хистæртæн радтон хæслæвæрд: куыд тагъддæр Цхинвалмæ ныццæуын, гуырдзиæгты та ма уадзын фæндаг æрыхгæнын.Заставатæ æмæ блокпостытæ пырх кæнын, сæйраг дæр у — бацахсын Гуфтайы хид, гуырдзиæгты аппарын куыд дарддæр, афтæ хуыздæр æмæ уый фæстæ иу БТГрæй цæуын Тамаресмæ, иннæмæй та — Зары фæндагыл миротворецтæм æххуысы фæдыл[8].

Бирæты нæ уырны ацы тох кæй уыд, уый. Цæвиттонæн, ирон иртасджытæ (æмæ хайадисджытæ) дзурынц, ома, хæст хиды алывæрсты бынтондæр нæ уыд. Дзурынц, ома, Хрулёв ацы хъуыддаг мысгæ ркодта. Ноджы ма иу диссаг: ацы тохы кой булкъон Козаченко дæр ницы дзуры (батальонты хистæр), кæцы, кæй зæгъын æй хъæуы, иннæ аспекттæ лæмбынаг радзырдта. Уый хæсты рæстæджы уым уыд, фæлæ дзырдта цыдæр гæрæхты тыххæй, кæмдæр дард. Æгæрыстæмæй, йæ ныхæстæм гæсгæ сæ хæдтулгæ ничи спырх кодта, афтæ йæхигъæдæй æрлæууыд[1].

Гуырдзиæгтæ дæр ацы тохы кой нæ кæнынц, фæлæ уыдонæн пайда ай тыххæй хъусын кæнын[1].

Хæсты рæстæджы стыр æвхæлцытæ йыл не ’рцыд хидыл.

Архитектурæ ивын

Хид архитектурон æгъдаумæ гæсгæ у æфсæнвæндагон фæндагы хуызæн. Дыууæ бетонон æнцайæныл лæууы, кæцытæн ис, кæй зæгъын æй хъæуы, примитивон дизайн.

Фиппаинæгтæ ивын