Гуырдзиаг алфавит

(Гуырдзиаг абетæ-æй æрвыст)

Гуырдзиаг алфавит у, картвелаг къордмæ хауæг æвзæгтæ кæмæй пайда кæнынц, уыцы алфавитон фыссынад.

Фыссынады афыст

ивын

Гуырдзиаг дамгъæтæ кæсынц галиуæрдæгæй рахизæрдæм. Нырыккон гуырдзиаг алфавиты ис 33 дамгъæйы; стыр дамгъæтæ дзы нæй.

Равзæрд æмæ истори

ивын

Иуæй-иу ахуыргæндтæм гæсгæ гуырдзиаг фыссынад равзæрди скæсæны-арамейаг фыссынады хуызтæй ииуæй. V — IX æнусты пайда кодтой, йæ ном мргловани (асомтаврули) кæмæн уыди, уыцы раггуырдзиаг фыссынадæй; IX-æм æнусæй — нусхури-йæ; XI-æм æнусæй та — мхедрули-йæ.

Гуырдзиаг алфавит æндæр (æнæкартвелаг) адæмтæм

ивын

1938–54 азты гуырдзиаг алфавитæй пайдагонд чындæуыд абхазаг æмæ ирон (æрмæстдæр Хуссар Ирыстоны) æвзæгтæн.

Гуырдзиаг дамгъæтæ

Æрвитæнтæ

ивын