Дербенты сисСассанидты рæстæджы дывæр къул, Дербенты Къаспы дуæрттæ æхгæнæг фортификацион амаддзаг, «символон арæн цæугæцардгæнæг адæмтимæ»[1]. Топоним «Дербент» йæхæдæг дæр «нарæг дуар» амоны, æмæ сис уыцы бацæуæн фидар Нарын-Калайæ денджызы былгæроны онг бахгæны. Къул 15 æнусы дæргъы æххæст кодта хъаггæныны функцитæ, пайда дзы кодтой араббæгтæ, манголтæ, ильхантæ, Тимуридтæ. Рагперсайнаг фортификацион арæзтады тæккæ хуыздæр уавæры баззайæг фенддаг ЮНЕСКО бахаста Æппæтдунеон бынты номхыгъдмæ[2].

Дербенты сисы фрагмент

Ас æмæ бæрц

ивын

Сисы дæргъ хæццæ кæны 3600 метрмæ. Хуссайраг æмæ цæгатаг къултæ кæрæдзи æмвæрсты цæуынц парралелонæй 300-400 метры иу иннæйы фалейы. Сисы хохаг хай (Дагъ-Бары) айтындзы Кавказы рагъы ’рдæм 40 километры онг; аразæггаджы ацы тæмæссаг хай махмæ æрмæст хæйттæ-чыртæй æрхæццæ. Сисы денджызон фадыг донмæ бацæуы 500 метрмæ, наулæууæны къубал æхгæнгæ. Дербент-сахары тæккæ рагондæр хай бавæрдæуыд ацы къулы дыууæ базыры астæу. Хуссайраг, фæстæдæр арæзт сис, XIX æнусы, зæгъæн ис æмæ дæрæнгонд æрцыд. Цæгатаг хуыздæр бафснайдæуыд æмæ кæмдæрты йæ фыццагон хуызæй нæ фæцух.

Дербенты дыууæ дих чи кæны, сисы уыцы цæгатаг фадыг дисы ’фтауы йæ амадæй. Амайæн æрмæджытæ расткъуымонты хуызы сты, кæрæдзимæ афтæ æнгом æвæрд, æмæ дзы карды ком тъæпæнæй атъыссын нæ комы. Уыцы бирæкилометрон амад у Кавказы диссаг æмæ Уæрæсейы иунæг ахæм циклопикон амаддзаг.

 
Сис

Сисы быннаг фæлтæртæ æвæрд сты æнæфых агуыридурæй, фæлæ йæ сæйрагдæр хай, VI æнусы арæзт, конд цæуы амад æмæ лæгъзгонд дурын блоктæй, сæ æхсæйнаг гуырахст ис афыссæн куыд 100-65-25 см. блоктæ. Дурын амайæнты дыууæ рæнхъы астæу над цыд хуымæтæг пырх дуртæй; амайджытæ уыдæттæ кæрæдзиуыл чъырæй æндæгътой. Куыстытæй фæстæдæр æххæстгонд чи ’рцыд, уыдон æнцонтæй ис базонæн блокты къаддæр бæрцæй (30 x 40 cм). Дуртæ æвæргæйæ амайджытæ кæрæдийы фæдыл æрмæг æвæрдтой цæсгом-чъылдым схемæмæ, уымæ гæсгæ сис фидардæр æмæ хъæддыхдæр кодта. Къулы æхсæйнаг бæрзæнд 12 метры, йæ фæтæн — 230 сантиметрæй 380 см онг.

Мæсгуытæ æмæ къулдуæрттæ

ивын

Къулы дæргъæн, æввахс дæрддзæфты амад уыдысты 73 хъаггæнæн мæсыджы. Цæгатаг къулыл баззад 46 мæсыджы, сæ иу иннæмæй æхсæйнагæй 70 метры дæрддзæф æвæрдæй. Къулдуæрттæ, сæ фылдæр Сассанидты рæстæджыты амад, сты оригиналон архитектурон хъуыдымæ гæсгæ фæлдыст

 
Дербентаг Ханы рæстæг амад къулдуар

Сисы фыццаг цы 14 къулдуары уыд, уыдонæй баззад 9: дыууæ фидары, 4 — хуссайраг къулы 3 та цæгатаджы. Дурын къулдуар сарæзтæуыд æхсæйнаг æнусты, Цыппоры къулдуæрттæ — XVII æнусы, Астæуккаг æмæ Фидиуæджы къулдуæрттæ та Дагъистан Уæрæсейы империйы скондмæ куы бацыд, уæд уый фæстæ.

Иллюстрацитæ

ивын

Ноджы кæс

ивын

Ратæдзæнтæ

ивын
  1. Kettenhofen, Erich (1994). "DARBAND". Encyclopædia Iranica. VII. pp. 13–19.
  2. Заключение ICOMOS для ЮНЕСКО