Джеры дзуар – адæмы психикон низтæй дзæбæхгæнæг дзуар иры мифологийы, цæры бæрзонд хохы сæр Джеры хъæумæ ’ввахс (Хуссар Ирыстоны). Афтæ нымадтой, зæгъгæ, нывонд (нæл фыс) æрхæссыны æмæ иу къорд магион архайды фæстæ рынчын хъуамæ æнæмæнг фæдзæбæх уа. Кæд æмæ-иу хъуыддаг афтæ нæ рауадис, уæд та-иу цасдæр рæстæджы фæстæ æргæвстой ног нывонд æмæ-иу ногæй фæтк æмæ æгъдаумæ гæсгæ кодтой магион архайд[1].

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.