Джилы-Су (хъæр.-балхъ. Джылы Суу — «хъарм дон») у фæлладуадзæн бынат Кæсæг-Балхъары Золкæйы районы, Эльбрусы цæгатварс; ис дзы бирæ хъарм суадæттæ æмæ æхсæрдзæнтæ. Хъарм суадæттæй цъус уæлдæр, Кызыл-Колы цæугæдоны былыл и Джылы-суйы æппæты стырдæр æхсæрдзæн (40 м), хуыйны Сылтран-су (Султан-су).

Донхауæн Кызылкол-су
Донхауæн Сылтран-су (Султан-су)

Уымæй уæлдай ма уыцы ран и æндæр æхсæрдзæнтæ дæр — Кызылкол-су, Каракая-су (Тузлук Шапа) æмæ Гитче Чучхур (Эмир).

Донхауæн Каракая-су
Донхауæн Гитче Чучхур (Эмир)

Литературæ ивын

  • Высокогорья Кабардино-Балкарии — Нальчик: Изд. Эльбрус, 1984. − 6,87 п.л.