Дзаттиаты Алыксандр

Дзаттиаты Михаилы фырт Алыксандр (райгуырдис 1891-æм азы 2 августы Сыбайы — амардис 1942-æм азы 31 декабры Свердловсчы облæсты) уыдис Ирыстоны революцион архайæг, советон паддзахадон æмæ партион архайæг, Хуссар Ирыстоны автономон бæстæйы коммунистон партийы комитеты хъомысджын секретар.

Дзаттиаты Алыксандр
Райгуырдис 1891-æм азы 2 августы(1891-08-02)
Амардис 1942-æм азы 31 декабры(1942-12-31) (51 азы)
Парти
Ахуырад
Хорзæхтæ
Сырх Тырысайы орден Фæллойадон Сырх Тырысайы орден

Цардафыст ивын

Алыксандр райгуырдис Сыбайы хъæуы, Хуссар Ирыстоны. 1900-æм азы ахуырмæ бацыд Тифлисы æцæг ахуырдонмæ, стæй та Бетъырбухы психоневрологион институтмæ, æмæ уым марксистон хъуыдытимæ базонгæ и æмæ сси марксист. 1918-æм азы февралæй сси большевикон партийы уæнг.

Уыдис 1918-æм азы 18 мартъийы Цхинвалы тыхæйбайсты организатор æмæ активон хайадисæг. 1920-æм азы уыдис Хуссар Ирыстоны большевикон растады раздзогтæй сæ иу. Гуырдзиаг меньшевиктæ растад куы ныппырх кодтой, уæд сси Цæгат Ирыстоны лигъдæтты æрбынат кæныны къамисы уæнг. Фæстæдæр æндæр хуссарирыстойнаг большевиктимæ хайад иста Бургъустаны станицæйы тохы, урсгвардионты ныхмæ.

1921-æм азы сси Хуссар Ирыстоны революцион комитеты уæлдарон комитеты сæрдæр.

1922—1924 азты уыдис Хуссар Ирыстоны автономон бæстæйы æххæстгæнæн комитеты сæрдæр. Активон хайад иста, Цхинвал Хуссар Ирыстоны сæйраг сахарæй кæй саразтой, ууыл.

1924—1925 азты уыдис Хуссар Ирыстоны коммунистон партийы бæстæйон комитеты бæрнон секретарь.

Æвзарстауыд Гуырдзыстоны КП ЦК-йы уæнг, Фæскæвказы коммунистон партийы бæстæйы комитеты уæнг, ССРЦ-йы централон æххæстгæнæн комитеты уæнг.

Ахстауыд 1939-æм азы кæроны. 1940-æм азы январы Цæгат Ирыстоны АССР-ы НКВД-йы ныхасмæ гæсгæ йын раттой ахастоны 5 азы. Амард Свердовскы облæсты колонийы.

1955-æм азы 12 ноябры реабилитацигонд сси Цæгат Ирыстоны АССР-ы Уæлдар тæрхоны Президиумы бардзырдмæ гæсгæ.

Ратадзæнтæ ивын