Дзылæу — Нарты фыдæл Сæуæссæйы æртæ фыртæй астæуккаг. «Дзылæу — цæхæрцæст», — афтæ йæ хоны кадæг.

Иу бон, цуан кæнгæйæ, сау хъæды астæу цъæх нæуу æрдузы йæ цæст æрхæцыд дыууæ нæл сагыл. Дыууæ нæл саджы сбыцæу сты, — гуыппытæ кæнгæ кæрæдзи айстой æмæ пыхсыты тынг стыхстысты. Бæласы саггомы фæфидар сты. Афтæмæй сыл Дзылæу йæхи рауагъта, цъиусурау се ’ккой абадт. Сбæттынмæ сæ хъавыди, фæлæ сагтæ фыр тæсæй бæлас атыдтой æмæ Дзылæуы се ’ккой ахастой.

Нарты зæххæй йæ ахастой æмæ уæйгуыты зæххыл фыццаг быруйы сæрты басæррæтт ластой, фæлæ дыккаджы сæрты нал афæрæзтой æмæ йæ цуры дзыхълæуд фæкодтой. Дзылæу сæ сæрты размæ атахти, йæхи ныццавта æмæ бауадзыг. Уæйгуыты хо йæм æрхызт, йæ хъæдгæмттæм ын базылд, сагахсæн хыз ын радта. Дзылæу дыууæ саджы æрцахста. Сæхъис бæндæнæй сын сæрбос скодта, æмæ йæ уæйгуыты хо, йе ‘фсымæртæй йын тæрсгæйæ, Нартмæ рарвыста.

Æфсæрон уæйгуыты хо æмæ Дзылæу кæрæдзийы зæрдæмæ фæцыдысты. Уæйгуытæ йын æй æнæсхæцгæ кæй нæ ратдзысты, уый зыдта Дзылæу, æмæ йæ фæстæдæр йе ’фсымæр Болатбæрзæимæ аскъæфтой. Уæйгуытæ сæ базыдтой æмæ сæ фæдисы расырдтой. Семæ схæцыдысты, æмæ уыцы тохы фæмард вæййы Дзылæу[1].

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.