Дордонь (цæугæдон)
Дордонь (фр. Dordogne, окс. Dordonha) у цæугæдон Францы хуссары. Дон йæ гуырæн исы Централон массивы хæхты, Пюи-де-Санси, курорт-сахар Мон-Доры цур, атæдзы иу-500 км бæрц Францы регионтыл, æмæ Бордойæ цæгатдæр Гароннæмæ бакæлы, дыууæйæ эстуари Жирондæ скæнгæйæ.
Дордонь | |
---|---|
фр. Dordogne | |
Дордонь | |
Характеристикæ | |
Дæргъ | 490 км |
Бассейны фæзуат | 24 000 км² |
Доны хардз | 450 м³/с |
Цæугæдоны цыд | |
Гуырæн | Пюи-де-Дом |
· Бæрзæнд | 1680 м |
Донæфтæн | Гароннæ |
Ран | |
Паддзахад | Франц |
Дордонь у æрбафæйлыд æмæ афæйлыд кæмæн вæййы, ахæм стæм цæугæдæттæн сæ иу. Йæ тæрф у рæсугъд æмæ райдзæст адæмæн, уый тыххæй дзы у хæрзпарахат туризмы индустри.
Дордоныл амад департаменттæ æмæ сахартæ:
- Пюи-де-Дом: Мон-Дор, Ля Бурбуль
- Канталь
- Коррез: Аржанта, Бор-Леэ-Оре
- Лот: Суйак
- Дордонь: Сарла, Бержерак
- Жирондæ: Сент-Фуа-ла-Гранд, Либурн
Дордоны фæрсагдæттæ:
- Марон
- Сер
- Везер
- Иль