Желтугæйы республикæ

Желтугæйы республикæ (уырыс. Желтугинская республика, Желтухинская республика) кæнæ Амуры Калифорни уыдис паддзахады миниуджытæ кæмæн уыди, ахæм хæдуынаффæ территори Маньчжуры (Китайы цæгаты) цæугæдон Желтугæйы (китайаг ном Мохэ) былгæрон.

Æнæбанымад паддзахад
Желтугæйы республикæ
кит. 热尔图加共和国[1]
Тырыса
Тырыса
1883 — 1886

Æвзаг уырыссаг æмæ китайаг æвзаг
Цæрджытæ
  • 15 000 ад. (1884)
Хицауиуæджы хуыз республикæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Республикæ фæзынди, 1883-æм азы Желтугæйы сыгъзæрины хабæрттæы куы ныппырх сты, уæд. Сыгъзæринкъахджытæ багуылф кодтой уыцы ранмæ, сæ фылдæр уыдысты уырыссæгтæ, фæлæ æрбацыдысты китайæгтæ æмæ корейæгтæ дæр. Цæрæнран тагъд рæстæджы райрæзти: 1883-æм азы йæ царджыты нымæц уыдис 120, 1885-æм азы цардысты дзы 15 мин адæймаджы[2].

Фыдракæндтæ куы сарæх сты, Желтугæйы цæрджытæ сæ иумæйаг æмбырды равзæрстой сæхицæн президент — Карл Фоссе (Австри-Венгрийы æмбæстаг уыд). Фоссейы къухы бафтыд фыдракæндты нымæц фæкъаддæр кæнын.

1886-æм азы январы Китай Желтугæйы республикæмæ барвыста йе ’фсад.

Республикæ цы цыбыр æмгъуыд лæууыд, уый дæргъы ракъахтой дзы 500 пъуды (8 тоннæйы бæрц) сыгъзæрин[2].

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. http://old.archaeology.nsc.ru/ru/publish/journal/doc/2011/473/13.pdf
  2. 2,0 2,1 Лиходеев С. Амурская Калифорния. История Желтуги, 2004 [1]