Заман (газет, Кæсæг-Балхъар)
Заман (хъæр.-балхъ. Заман) у, Кæсæг-Балхъары мыхуыры чи цæуы, уыцы æхсæнадон-политикон газет хъæрæсейаг-балхъайрагау æвзагыл. Газеты фæрстыл æвдыст цæуынц, республикæйы чи вæййы, уыцы ахсджиаг æхсæнадон, политикон, культурон æмæ спортивон цаутæ.
Газет цæуы 1924-æм азæй. Йæ фыццаг ном уыдис «Карахалк» («Сау адæм»), 1931-æм азæй — «Ленинчи жол» (Ленинон фæндаг). 1944-æм азы, депортацийы азарæй, газеты куыст аскъуыдис. 1957-æм азы балхъайрæгтæ фæстæмæ сæ райгуырæн бæстæм куы сыздæхтысты, уæд газет ногæй райдыдта цæуын ахæм номимæ: «Коммунизмге жол» («Коммунизммæ фæндаг»). Газет йæ ныртæккæй ном райста 1992 азы.
Газет цæуы къуыри 5 хатты. Формат — А2. Тираж — 3850 экземпляры.
Газеты бындурæвæрджытæ сты Кæсæг-Балхъары парламент æмæ хицауад.
Æрвитæнтæ
ивын- Газеты сайт Архивгонд æрцыдис 17 июны 2010 азы.