Зверева, Наталия Иваны чызг
Зверева Наталия Иваны чызг (уырыс. Наталия Ивановна Зверева) у уæрæсейаг менеджер, фонд «Нæ фидæн»-ы регионалон социалон программæты директор.
Наталия Иваны чызг Зверева | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1970-æм азы 12 июны (54 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | экономист, эксперт, менеджер, амалиуæгдар, æхсæнадон архайæг |
Сайт | nb-fund.ru |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивын1992-æм азы каст фæци Пайдагæнæн биотехнологийы институт Мæскуыйы, райста дзы экономисты дæсныйад, стæй ахуыр кодта Уæрæсейы экономикон университеты Плехановы номыл[1]. 1993-æм азæй 1996-æм азы онг куыста акционерон æхсæнад «НИКойл»-ы сæйраг бухгалтеры бынаты, фæстæдæр уыдис Экономикæ æмæ финансты департаменты директор[1]. 2005-2007-æм азты куыста банк «Уралсиб»-ы инвестицион тæссæгты службæйы[1]. 2007-æм азы сси Вагит Алекперовæй арæзт регионалон социалон программæты фонд «Нæ фидæн»-ы сæргълæууæг. Фонд сси Уæрæсейæн йæ сæрмагонд фондты фыццæгтæй иу, кæцы æххуыс кæны инвалидтæ, стыр бинонтæ æмæ сидзæрдæтты хъомылгæнинæгтæн сæхи бизнес саразын.[2][3].
2012-æм азæй фæстæмæ у Уæрæсейы Сæудæджерадон-индустрион палатæйы социалон бизнес æмæ амалхъомады рæзты фарстатыл Координацион советы Сæргълæууæджы Хæдивæг[4].
Зверевайы уацтæ публикацигонд цыдысты «Эксперт»-ы журналы[5], «Ведомости»-йы газеты[6] æмæ «Частный корреспондент»-ы дæр[7]. Хайад иста министрты кабинет æмæ Дмитрий Медведевимæ амалгæнджыты фембæлды.[8]. Хорзæхгонд æрцыд «Аргъауæг Даниил Мæскуыйаджы Сыгъд. Аргъуаны фæллойы сæрæппонд»-ы (уырыс. «За труды во славу Св. Церкви Святителя Даниила Московского») майданæй[1].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 Аудæн ныхасдон (Попечительский совет) . Медиа капитал. Датæ: 2015-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Венера Петрова. Социалон амалхъомад: æфтиагхæсгæ уæздан удыфæндтæ (Социальный бизнес: благородные побуждения, приносящие прибыль) . РБК.
- ↑ Аврора.Елизавета Бебех, Владимир Кривко. Понять с полуслова: в необычной парикмахерской просьбы клиентов читают по губам . РИА Новости (27.09.2013).
- ↑ Ныхасдоны уæнгтæ (Члены совета)(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 14 июны. Архив 2014-æм азы 7 июлы.
- ↑ Наталия Зверева. Социалон амалхъомад: ног уавæртæ æмæ рæзты фæндæгтæ (уырыс. Социальное предпринимательство: новые веяния и пути развития)(недоступная ссылка). Бизнес-журнал. Фонд «Нæ фидæн». Датæ: 2015-æм азы 28 апрелы. Архив 2015-æм азы 7 июны.
- ↑ Наталия Зверева. Хъуыддаджы мидис: Ис æндæр экосистемæ (уырыс. Суть дела: Есть другая экосистема) . Ведомости (6 апрелы 2011). Датæ: 2015-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Наталия Зверева. Модæты æгъдауæвæрæг (уырыс. Законодатель мод) . Частный корреспондент (27 мартъийы 2014). Датæ: 2015-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Александр Лабыкин. Бизнес с человечным лицом(недоступная ссылка). Эксперт (8 ноябры 2013). Датæ: 2015-æм азы 28 апрелы. Архив 2022-æм азы 9 мартъийы.