Иванов, Валентин Козьмайы фырт

Валенти́н Козьмайы фырт Ивано́в (райгуырдис 1934-æм азы 19 ноябры Мæскуыйы — амардис 2011-æм азы 8 ноябры Мæскуыйы) у советон футболист, размæбырсæг, Советон Цæдисы иугон командæйы капитан, советон æмæ уæрæсейаг тренер. 1956-æм азы олимпиаг чемпион, 1960-æм азы Европæйы чемпион, Советон Цæдисы спорты сгуыхт мастер (1957), сгуыхт тренер (1988). Чилийы 1962-æм азы чи цыдис, уыцы дунейы чемпионаты хуыздæр бомбардир.

Футбол
Валентин Иванов
Иумæйаг информаци
Æнæхъæн ном Валентин Козьмич Иванов
Фæсномыг Козьмич
Райгуырдис 1934-æм азы 19 ноябры(1934-11-19)[1][2]
Амардис 2011-æм азы 8 ноябры(2011-11-08)[3] (76 азы)
Æмбæстонад
Ас 178 см
Позици размæбырсæг
Фæсивæдон клубтæ
1950—1952 Советон Цæдис ДЮСШ Крылья Советов (Мæскуы)
Клубон карьерæ
1952—1966 Советон Цæдис Торпедо (Мæскуы) 287 (124)[4]
Национ иугонд командæ
1955—1965 Советон Цæдис ССРЦ 59 (26)
Тренеры карьерæ
1967—1970 Советон Цæдис Торпедо (Мæскуы)
1973—1978 Советон Цæдис Торпедо (Мæскуы)
1980—1991 Советон Цæдис Торпедо (Мæскуы)
1992—1993 Марокко Раджа
1994 Уæрæсе Асмарал (Мæскуы)
1994—1996 Уæрæсе Торпедо-Лужники
1998 Уæрæсе Торпедо (Мæскуы)
2003 Уæрæсе Торпедо-Металлург
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Клубон карьерæ

ивын

Валентин Иванов йæ сабибонтæй уарзта футбол, хъазыдис йæ кæрты командæйы. 15-аздзыдæй кусын байдыдта слесырæй, хъазыди заводы командæйы, уым æрыгон футболисты федта Георгий Жарков. 1952-æм азы Валентин бацыдис командæ «Торпедо»-мæ æмæ иу афæдзы фæстæ йæ сæйраг сконды хъазын байдыдта. Йемæ «Торпедо»-йы хъазыдысты уæды зындгонд футболисттæ Эдуард Стрельцов, Валерий Воронин, Славæ Метревели, Геннадий Гусаров, Виктор Шустиков æмæ ма бирæ æндæртæ. Клубæн йæ хуыздæр аз уыдис 1960-æм, уæд æмклубонты къухмæ бафтыд Советон Цæдисы чемпионат æмæ хъалац рамбулын, уыцы иу рæстæг Советон Цæдисы иугонд командæ сси Европæйы чемпион.

Иванов йæ цард æнæхъæнæй радта иу клубæн. Хъазын куы фæци, уæд сси клубы тренер. Клубæн куы разамынд лæвæрдта, командæ ногæй сси Советон Цæдисы чемпион (1976).

Рацæразты рæстæг æнцон нæ уыдис Ивановæн. 1992-æм азы уый ацыдис Мароккомæ æмæ дзы иу афæдз куыста «Раджа»-йы тренерæй. 1993-æм азы раздæхтис Уæрæсемæ æмæ куыста «Асмарал»-ы. 1998-æм азы та ногæй сси «Торпедо»-йы разамынддæттæг.

Иугонд командæйы

ивын

Советон Цæдисы иугонд командæйы Иванов хъазыдис 59 матчы, бакуырдта 26 голы (уымæй у æртыккаг хуыздæр бомбардир Олег Блохин æмæ Олег Протасовы фæстæ).

Тренерская

ивын

Бинонтæ

ивын

Ивановы бинойнаг Лидия дæр спорты басгуыхтис, уый уыд олимпиаг чемпионкæ. Йæ фырт Валентин та сси футболон тæрхонгæнæг. Йæ бинойнагимæ футболис базонгæ и Мельбурны олимпиадæйæ тæхгæ-тæхын.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Valentin Ivanov † // Transfermarkt (цалд.) — 2000.
  2. Valentin Kozmich Ivanov // FBref.com (цалд.)
  3. http://www.reuters.com/article/2011/11/08/soccer-europe-russia-ivanov-idUSLDE7A701D20111108
  4. «Российский футбол за 100 лет» (М., 1997).