Испайнаг алано (исп. Alano español) у испайнаг куыдзы мыггаг, хауы молоссты къордмæ.

Испайнаг историктæ куыд æнхъæлынц, афтæмæй ацы куыдзы мыггаг Испанимæ семæ рахастой рагон алайнæгтæ, кæцытæ дзы V-æм æнусы, Адæмты стыр гоцы рæстæджы, æрцардысты, æмæ уыдонæй ацы куыдзы мыггаг йæ ном исы.

Алайнæгтæ фыццаджы цы куыдз æрхастой, уый ныр сæфт мыггаг у, кæцы хуындис хуымæтæг Алан (исп. Alano, фр. Alaunt), æмæ испайнаг аланойы йеддæмæ йæ баззайдзагтыл нымад цæуынц европæйæг моллосты фылдæр хай, се ’хсæн бритайнаг бульдогтæ æмæ æндæртæ.