Комахсæн – сылгоймагæн-иу лæппу куы райгуырдис æмæ-иу цоты фыццаг куы нæ уыдис (ирон æхсæнады цоты фыццаг хъуамæ чызджы фыды хæдзары райгуырдаид), уæд-иу ацыдис йæ ныййарджыты хæдзармæ æмæ-иу дзы фæцис Кæхцгæнæнты онг. Бæрæгбоны хæд размæ-иу сылгоймаг йæ сывæллонимæ æрбаздæхтис йæ мойы хæдзармæ, йемæ-иу æрбаласта йæ хæстæджыты лæвæрттæ йæ фыртæн æмæ йæ ныййарджыты хардзы хай хъæугуывдæн ссад, цыхт, уæныг кæнæ нæл фыс[1].

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.