Каркаде
Каркаде́ (арабб. كركديه [kæɾkæˈdeː]) кæнæ фараонты нуазинаг — уыциу рæстæг адджынгомау æмæ туаггомау чи у, стæй йæ хуыз ирдсырх кæмæн у, ахæм цайнозт. Аразынц æй розеллæйы дидинæджы хусгонд къусгондæй.
Каркаде у мысирæгты националон нуазинаг. Фæнуазынц æй æнтæфы рæстæг сатæггæнæн донæн. Цай ма нуазæн ис уазалæй, сæкæр дзы фæндонмæ гæсгæ ныккæн, афтæмæй.