Касаты Хъауырбеджы фырт Таймураз у зындгонд Цæгат Ирыстоны политик, республикæйы парламенты депутат[1]. 2004-æм азæй 2010-æм азы онг куыста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы нациты хъуыддæгты фæдыл министрæй.

Таймураз райгуырдис 1963 азы 11 августы ЦИ АССР-йы хъæу Фыййагдоны. 1989 азы каст фæцис ЦИПУ-йы экономикон факультет, 2000 азы та — Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур Уæрæсейы Паддзахадон службæйы академи.

Йæ фæллойадон фæндаг Касаты Таймураз райдыдта, скъола каст куыддæр фæци, афтæ, СОПМО «Казбек»-мæ кусæнгæрзтæ цалцæггæнæг слесыры ахуыргæнинагæй бацæугæйæ. Уый фæстæ баслужбæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты æмæ куыстуатмæ ногæй æрбацыд æртыккаг разряды слесыры хуызы. Уыцы рæстæг уый сси мебель уадзæг иугонд «Казбек»-ы кадрты хайады фæсивæдимæ куысты инспектор. 1989 азы æвзæрст æрцыд Орджоникидзейы ФÆЛКЦ-йы Ленины райкомы дыккаг секретарæй. Афæдзы фæстæ та — ФÆЛКЦ-йы горкомы секретарæй.

Æртæ азы дæргъы (1991-1994) куыста Цæгат Ирыстон Фæсивæды цæдисы Дзæуджыхъæуы сахары комитеты сæрдарæй, фæстæдæр та — Дзæуджыхъæуы бынаттон хиуынаффæйады администрацийы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл хайдаы сæргълæууæгæй.

1995-2004 азты лæууыд фæсивæды хъуыддæгты фæдыл республикон комитеты сæргъы. 2004 азы сентябры та кусын райдыдта РЦИ-Аланийы Нациты хъуыддæгты æмæ æхсæнадимæ бастдзинæдты министрæй. 2005 азы 17 июны та республикæйы сæргълæууæджы указмæ гæсгæ нысангонд æрцыд нациты хъуыддæгты фæдыл министрæй.

Касаты Таймураз бирæ хæттыты архайдта алыхуызон фæсивæдон форумты куысты, ис æм стыр организаторон курдиат.

Ис Таймуразæн бинонтæ, схъомыл кодта дыууæ сывæллоны.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2021-æм азы 10 декабры. Архив 2021-æм азы 10 декабры.