Кастильоне, Бальдассаре
Бальдассаре Кастильоне, Новиларæйы граф, (Castiglione; 1478—1526) уыди итайлаг фыссæг.
Бальдассаре Кастильоне | |
---|---|
итал. Baldassare Castiglione | |
| |
Райгуырды датæ | 1478-æм азы 6 декабры[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1529-æм азы 8 февралы[1] (50 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг, поэт |
Сфæлдыстады азтæ | 1503-1529 |
Жанр | трактат[d], эпистолярон жанр[d] æмæ элеги[d] |
Уацмысты æвзаг | италиаг[1][3] æмæ латинаг æвзаг[1] |
Викикъæбицы медиа |
Райгуырдис Мантуймæ хæстæг, службæ кодта æндæр æмæ æндæр итайлаг паддзæхтæм, уыди Урбинаг герцоджы минæвар Генрих VII Англисагмæ (1506) æмæ Людовик XII-мæ. 1525-æм азы Ромы папæйы нунцийæ æрвыст æрцыд Испанимæ.
Кастильонейы сæйраг уацмыс у диалогтæ «Галуанылæджы тыххæй» (уырыс. «О царедворце», «О придворном»). Уым фыссæг равдыста идеалон галуанылæджы тип, стæй уæздан æгъдæуттæй æмæ йæ заманы итайлаг æхсæнады цыргъзонд дзымандытæ. А чиныг ныффыссынæн Кастильонейы сразæнгард кодта Урбинойы уæздан æмæ ахуыргонд кæрт.
Уацмысы фыццаг редакци цæттæ уыди 1516-æм азы. Фæстаг (æртыккаг) мыхуыргонд æрцыд Венецийы 1528-æм азы, Альдæ Мунцийы бындарты типографийы. Фæстæдæр чиныг ратæлмац кодтой бирæ æвзæгтæм æмæ Кастельонейы ном сси зындгонд Италийы æмæ æндæр бæстæты.