Кокосы зети
Кокосы зети у, копрæйæ кæй самал кæнынц, ахæм бæзджын æмæ тагъд хъæбæргæнаг зети.
Амал æй кæнынц ногтынд кокос-æнгузы хусгонд фæлмæнæг тæвд прессæй æлхъивынæй. Зети сæйрагдæр бæззы ахæм къабæзты: сапонгæныны, маргарины кондады, косметикæйы, стæй бахъæуы вафли-торттæ кæнынæн (уазалуадзæг гах — холодящая начинка).
Уатон температурæйы уæвгæйæ зети вæййы хъæбæр урс массæйы хуызы. 40 градусмæ йæ куы стæвд кæнай, уæд фесты рухсдзыд хъæмпхуыз бур тæнгъæд.