Команданте
Команданте (исп. comandante) у æфсæддон чин, æмбæлы, испайнаг æвзаг цы бæстæты рапарахат ис, уыцы бæстæты (иуæй-иу хатт у «комендант», «командир», зæгъæм, хæдтæхæджы командир). Испанийы æфсады ацы чин нымад у майоры чиныл, Венесуэлæйы æфсады — дæлбулкъоныл. Фыццаг Испанийы æфсады ацы номæй хуыдтой капитаны ротæйы хистæры — куы-иу райста рæстæгмæ хистæры бартæ дыууæ кæнæ фылдæр ротæйыл æмæ сæ командиртыл.
Кубæйы революцийы рæстæг 1956-1959 азты — уæлдæр чин растджыты æхсæн, уыдон барæй кæрæдзийæн майорæй уæлдæр чинтæ нæ лæвæрдтой. Тæккæ зындгонддæр уыдонæй — Фидель Кастро, Че Гевара, Камило Сьенфуэгос. Командантæйы ном хаста Гвиней-Бисауы президент Жуан Бернарду Виейра. Чин команданте нымад у уæлдæр чиныл Колумбийы æфсæдты.