Кон-Тики
«Кон-Ти́ки» уыд тъиуи, кæцыйыл абалц кодта норвегиаг иртасæг æмæ фыссæг Тур Хейердал йæ 1947-æм азы экспедицийы Сабыр фурды ’хсæн Хуссар Америкайæ Полинезийы сакъадахтæм.
«Кон-Тики» хаста бирæнымæцон полнинезийаг таурæгъты легендарон хъайтары ном. Ноджы ма «Кон-Тики» хуыйны Хейердалы чиныг æмæ драматикон сюжетимæ кино, кæцы райста «Оскар» куыд Хуыздæр Кино Фæсарайнаг æвзагыл.
«Кон-Тики» экспедици цæттæгæнгæ йæ нысан уыдис равдисын, æрмæст дæр уыцы адæмы æмæ уыцы рæстæг цы амыдта, уымæ гæсгæ æнцонвадат материалтæй æмæ технологитæй куы пайда кæной, уæд дзы нæй ницæй техникон аххосæг, кæцы сæ бахиза йæ сæххæст кæнынæй.
Тъиуи уыд конд 9 балса-бæласы хъæдæй, 14 метры онг сæ дæргъ, 60 см сæ диаметр, кæрæдзимæ 3 см-ставдæн гæн-бæндæнтæй баст. Ахæм амалæй æвæрд уыд æмæ тъиуийæн йæ фындз цъуппгонд уади, уыдис ма йын расткъуымон пæлæз, фæстаг хайы конд къохар æмæ швертты (бæлæгъы корпусæй бынмæ хъил фæйнæджытæ, рул æмæ килы бæсты) дыууæ параллелон рæгъы, «Кон-Тикийы» конструкци æнæхъæнæй фæзмыдта тъиуиты конструкцитæ, кæдоныл инкæтæ кодтой 50 денджыз-миляйыдæргъæн документвыст фурдбалцытæ.
Хейердалы уырныдта, хуссарамерикæйæгтæ Полинезийы кæй æрцардаиккой пре-Колумбы рæстæгты, кæд æмæ антропологтæн сæ фылдæры ныр дæр нæ уырны, уæддæр.
Экипаж
ивын- Тур Хейердал (1914—2002) — экспедицийы раздзог.
- Эрик Хессельберг (1914—1972) — штурман æмæ нывгæнæг. Кон-Тикийы хуызæвдыст пæлæзыл уый нынныв кодта.
- Герман Ватцингер (1916—1986) — техникон барæнты инженер. Экспедицийы афон кодта метеорологион æмæ гидрологион хъусдард.
- Кнут Хаугланд (1917—2009) — радиойы специалист.
- Турстейн Робю (1918—1964) — дыккаг радист.
- Бенгт Даниельссон (1921—1997) — къочы хæс æххæст кодта. Миграциты теори йæм касти цымыдис æмæ ма тæлмацгæнæджы æххуыс дæр кодта, уымæн æмæ уый йеддæмæ экипажæй испайнагау ничи дзырдта.
Экспедици
ивын«Кон-Тики» перуйаг Кальяойæ раленчыд 1947-æм азы 28 апрелы. Фыццаг 50 миляйы тъиуи уыд Перуйы Æфсæддон-денджызон тыхтæ науæй сыфцласт суанг Гумболдты гуылфæнмæ. Экипаж сурзæхх федта æртæ мæйы фæстæ, 30 июлы, уый уыд Пукæ-Пукæйы сакъадах. 7 августы та тъиуи йæ балцы кæроны стъалфмæ — Туамоту архипеладжы атолл Рароиамæ — бахæццæ ис. Афтæмæй 101 бонмæ ленкдзыд фесты 3770 миляйы (6980 км), æмбис-тагъдадимæ — 1,5 æлхынцъы (денджызы миляйы бæрцæн у).
Зонадон æнтыстытæ
ивын- Сбæлвырдæуыд теоретикон гæнæн Хуссар Америкæйы централон хайæ Сабыр фурды сæртыхызт ныгуылæны ’рдæм.
- Сбæлвырдæуыд, кокос-æхсæртæ денджызы цæхджын доны бирæ кæй нæ фæразынц, æмæ уый адыл нæ уыд æнæнхъæлæджы гæнæн бахауын (гуылфæнты руаджы) кокосы палмæтæн Хуссар Америкæйæ Полинезийы сакъадахтæм, ома, гæнæн ис, æмæ кокосы палмæтæ æрластой адæм, кæдон-иу балц кодтой тъиуитыл.