Къарджиаты Эльбрус

Къарджиаты Эльбрус (райгуырдис 1944-æм азы Дзæуджыхъæуы — амардис 2020-æм азы 11 январы) у уæрæсейаг дипломат, Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны. Минæварад скуыста 2009-æм азы азы февралы.

Къарджиаты Эльбрус
Райгуырдис 1944-æм азы 22 августы(1944-08-22)
Амардис 2020-æм азы 11 январы(2020-01-11) (75 азы)
Ахуырад
Ахуырадон къæпхæн техникон зонæдты кандидат[d]
Хорзæхтæ
орден Почёта Хæлардзинады орден

Къарджиаты Эльбрус каст фæци Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институт (1966), стæй СЦКП-йы Централон Комитеты цур Æхсæнадон зонæдты академи (1987). У техникон зонæдты кандидат, доцент; дзуры туркаг æмæ францаг æвзæгтыл.

1994 азæй фæстæмæ куыста Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады бæрнон бынæтты, 2003 азы скуыста Турчы куыд Уæрæсейы генералон консул сахар Трабзоны, 2007 азы раздæхт Уæрæсемæ.

Æддаг æрмæг

ивын