Къибирты Амырхан
Къибирты Яковы фырт Амырхан, дыгур. Къибирти Амурхан[1] (райгуырдис 1944-æм азы Сырх Дыгуры) у дыгурон поэт æмæ тæлмацгæнæг.
Цардафыст
ивынКъибирты Тимур райгуырдис Æрæфы районы Сырх Дыгуры хъæуы. Астæуккаг скъолайы фæстæ каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологион факультет. Куыста ахуыргæнæгæй йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъолайы, Æрæфы районы газет «Коммунист»-ы редакцийы.
Йе ’мдзæвгæтæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1996 азы Дзæуджыхъæуы. Чиныджы ном — «Гъæдæрæхснæг». Æмдзæвгæтæ фыссынæй дарддæр Амырхан кæны тæлмац дæр — дыгурон диалектмæ раивта Э. Хемингуэйы «Зæронд лæг æмæ денджыз», Ч. Айтматовы «Урс нау», Пушкины, Лермонтовы, Феты, Къибирты Тимуры æмæ иннæты æмдзæвгæтæ.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012