Къоб
Цæцæны хъæуы тыххæй кæс Къоб (Цæцæн).
Къоб (гуырдз. კობი, уырыс. Коби) у ирон хъæу Гуырдзыстоны Хъазыбеджы (Сæнайы) районы, Арвыкомы фæндагыл.
Хъæу
![]()
![]() |
Къобы ис Уастырджийы кувæндон — Къобы Уастырджи.
ГеографиИвын
Къоб лæууы Наруаны доны былыл.
МыггæгтæИвын
Къобы цардысты Туатæ, Кцойтæ, Хъаратæ, Касатæ, Сæлбитæ, Абайтæ, Мысостатæ, Кобылтæ, Бæтатæ, Цæболтæ, Такъæтæ.
Зындгонд къобæгтæИвын
1900-æм азы Къобы райгуырд зындгонд лингвист, ирайнаг æвзæгтæ иртасæг Абайты Васо. Уым каст фæци райдайæн скъола, стæй ахуыр кодта Калачы 6-æм гимназы. Гимназы фæстæ дыууæ азы дæргъы ахуыргæнæгæй куыста йæ райгуырæн хъæу Къобы. 1922-æм азы ахуыр кæнынмæ ацыд Бетъырбухмæ.
Васойы хистæр æфсымæр Семён дæр (райгуырд 1890-æм азы) сси ахуыргонд. Уый бирæ архайдта Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарад фæнывыл кæныныл.
Кæс ноджыИвын
ФиппаинæгтæИвын
- ↑ მოსახლეობის საყოველთაო აღწერა 2014 . საქართველოს სტატისტიკის ეროვნული სამსახური (ნოემბერი 2014). Датæ: 27 ივლისი 2016.
- ↑ Ethnic composition of Georgia 2014