Лаго-На́ки (адыгъ. Лэгъо-Накъ) у плато Ныгуылæн Кавказы, йæ бæрзæнд 2200 метры онг (æхсæйнаг бæрзæнд 2000 метры). Хъуыстгонд у йæ альпаг хизæнтæй.[1]

Лаго-Наки февралы

Иумæйаг бæрæггæнæнтæ ивын

Территориалонæй плато зæгъæн ис æмæ æххæстæй дæр ис Адыгейы Майкъопы районы сконды, чысыл хæйттæ Курджипсы цæугæдоны комы æмæ ныгуылæны Мессойы хохы рæгътыл бахаудтой Краснодары крайы Апшеронсчы районы скондмæ.

Территори, Апшеронсчы районы уæвæг хæйтты йеддæмæ, сты Кавказы æрдзæвæрæны сконды[2]. Плато æрдзæвæрæнмæ балæвæрдæуыд Адыгейы Республикæйы уынаффæмæ гæсгæ, уый рауагъдæуыд 1992-æм азы 13-æм августы № 234 номыримæ, хуыйны «О передаче Кавказскому государственному биосферному заповеднику высокогорного пастбища Лагонаки».

Бынаты ис туристон базæ хохкъахдзоныгъон фахсимæ. Платойы уылты цыд Æппæтсоюзон туристон маршрут № 30, ныр хуыйны «Эколого-туристон мартшрут 1». Платойы, цæугæдæтты фæрсты, кæмдæрты баззад реликтон самшиты хъæдтæ.

Лагонакийы сæ тыхы сты карстон процесстæ. Хъуыстгонд сты Стыр æмæ Чысыл Азшизы лæгæттæ.

Географи ивын

 
Лаго-Накийы плато

Æрбынат кодта плато Дурджын денджызы рагъы æмæ Мессойы хохы астæу. Хуссар-ныгуылæны æмарæн кæны Фишт-Оштены хохы массивимæ. Амад у юраг периоды бæзджын, къулаивæмбæхст рифтогенон чъырдурты белтæй.

Цæугæдæтты ратæдзæнтæ æмæ чысыл къадатæ гæрдынц чъырдур, æмæ дзы рауайынц арф нарджытæ айнæг къултимæ. Бирæнымæцон каньонтæ æмæ дурджын денджызтæ ацæуæнтæ æхгæнынц.

Платойæ ратæдзынц цæугæдæттæ Белая, Курджипс æмæ Цица.

Флорæ ивын

Фугæ, хилæг æхсæлы, бурдидинæг, марохкæн, цъамалæг, дадитæ, нæзы, бæрз, чесæ, тæрс.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Плато Лаго-Наки
  2. Описание границ Кавказского заповедника(недоступная ссылка). Датæ: 2020-æм азы 31 октябры. Архив 2021-æм азы 19 январы.

Литературæ ивын

Æрвитæнтæ ивын