Лалисайы дзуар[кæцæй ист у?]Гæбæраты кувæндон, ис Залдайы хъæуы. Йæ бæрæгбон вæййы уалдзæджы, Куадзæны фæстæ дыккаг майрæмбоны.

Лалисайы дзуармæ бацæуæны культон дур

Арæзт кæд æрцыд, уый бæлвырд бæрæг нæу.

Аргъуанмæ бацæуæны лæууы цыппæрдигъон 1 метрæй бæрзонддæр сырх гранитæй конд культон дур, йæ уæлæ уыцы гранитæй фыры сæр сыкъатæ састæй (æви æндæр цавæрдæр цæрæгойы сæр) — кæддæры æвирхъау цауты фæд. Хистæртæ куыд дзурынц (Залдайаг Платоны фырт 85 аздзыд Барис), афтæмæй Лалисайы дзуарыбон ас лæгтæй исчи хъуамæ йæ хъус дардтаид табуйаг дурын сæрмæ, цæмæй йæ æнахъом кæстæртæй мачи разила æмæ къæвда ма рацæуа, бæрæгбон ма бахъыгдара.[кæцæй ист у?]

Бацæуæны аргъуаны фыццаг тигъыл зæххæй гыццыл уæлдæр сисы амады æвæрд рагон рельефæй (къуыппнывæй) фыстытимæ сау дур.