Ливаро
Ливаро́ (фр. Livarot) у, Нормандийы кæй кæнынц, уыцы цыхтытæй сæ тæккæ зындгонддæр æмæ рагондæртæй иу. XIX æнусы кæроны ливаро уыди уыцы районы тæккæ популярондæр цыхт. Хуыдтой ма йæ «мæгуырты дзидза» уымæн æмæ йын ис бирæ хæрдахъаз (уырыс. питательный) миниуджытæ.
Цыхт ахстой хъуджы æхсыры; ливаро кæныны сезон — уалдзæгæй фæззæгмæ.