Ли Хунчжан
Ли Хунчжа́н (кит. трад. 李鴻章, хуымæтæг 李鸿章, пиньинь: Lǐ Hóngzhāng; райгуырдис 1823 азы 15 февралы — амардис 1901 азы 7 ноябры) уыдис Китайы Цины империйы тыхджындæр æмæ дзырддзæугæдæр чиновниктæй иу.
Ли Хунчжан | |
---|---|
кит. трад. 李鴻章 | |
Чжилийы бынатбæрнон
|
|
Райгуырдис |
1823-æм азы 15 февралы[1] Хэфэй, Цины импери |
Амардис |
1901-æм азы 7 ноябры[1] (78 азы) |
Фыд | Ли Вэньань[d] |
Æмкъай | Zhao Xiaolian[d] |
Сывæллæттæ | Ли Цзюоу[d][3], Ли Цзиньмай[d] æмæ Li Jingshu[d] |
Ахуырад | |
Ахуырадон къæпхæн | цзиньши[d][4] |
Къухæрфыст | |
Хорзæхтæ | |
Хуындад | адмирал[d] æмæ инæлар[5] |
Викикъæбицы медиа |
Фыццаг хатт Ли Хунчжан басгуыхтис тайпинты растад ныссæндыны рæстæджы æмæ 1867-æм азы йæ снысан чындæуыд провинцитæ Цзянсу æмæ Аньхойы бынатбæрнонæй. 1868-æм азы йын бантыстис ныссæндын няньцзюнты растад, æмæ уый тыххæй йын лæвæрд æрцыдис бур кофтæ, мæлхъы сис æмæ суинаг паддзахы хъомылгæнæджы кадджын ном.
1870-æм азы Ли ссис сæйраг сахары провинци Чжилийы бынатбæрнон æмæ æрцардис сахар Тяньцзины.
XIX æнусы фæстаг цалдæр дæс азы дæргъы, тыхст рынчын уæвгæйæ, Ли лæвæрдта разамынд Китайы æддагон политикæйæн. Ли Хунчжан уыдис, Китай Японимæ цы Симонсекы фидыды бадзырд (1895), стæй Уæрæсейы империимæ цы Цæдисон бадзырд (1896) сфидар кодтой, уыдоныл йæ къух æрфыссæг.
1900-æм азы Ли уыдис, Ихэтуаны растады фæстæ Китай фæсарæйнаг бæстæтимæ цы баныхæстæ арæзта, уыдоны сæргъы.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Li Hongzhang // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ Union List of Artist Names (англ.) — 2019.
- ↑ Yanping X. 清代文學世家姻親譜系 — 1 — Нанкин: Phoenix Publishing House, 2010. — Ф. 3. — ISBN 978-7-5506-0061-4
- ↑ Китайская биографическая база данных (англ.)
- ↑ Чешская национальная авторитетная база данных