Мæрзойтæ[1] (уырыс. Марзоевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Мæрзойты мыггаг равзæрд Уæлладжыры комы Мызуры, Ос-Бæгъатыры фырт Кусæгоны къабазæй. Мызур, дам, йæ цæрæнбынат раивта, фæстагмæ йæхи номыл цы хъæу фæзынд, уырдæм — Мызурмæ. Мызур йæ иунæг чызджы моймæ радта Гуырдзымæ. Райгуырд сын цыппар фырты: Дæс, Габола, Знаур æмæ Таути. Габола æмæ Таути Мызуры кæимæдæр фæтуджджын сты æмæ фæлыгъдысты Зджыдмæ. Дæс æмæ Знаур баззадысты цæргæ Мызуры, сæ мыггаг аивтой Зæнджиатæй. Ацы æфсымæртæн уыд æрхæссæггаг чызг, йæ ном Мæрзой, Мæрзойы цæуæт сæхи фыссын райдыдтой Мæрзойтæй, афтæмæй та Зæнджиатæй уыдысты. Абон дæр Мæрзойтæ, Зæнджиатæ æмæ Габолатæ æрвадиуæг кæнынц, кæрæдзийæ чызг нæ курынц. Мæрзой уыд Зæнджиаты Знауры ус. Ацы усы Мæрзой цæмæ гæсгæ схуыдтой, уый тыххæй ис таурæгъ. Мызуры хъæуы, дам, куырой мæрзæгæй куыста иу сидзæргæс сылгоймаг æмæ йæ сидзæрты уымæй дардта. Ацы сылгоймагæн йæ мыггаг дæр æмæ йæ ном дæр ничи зыдта, дзырдтой йæм Мæрзæг, афтæмæй Мызуры хъæуы фæзынд мыггаг Мæрзойтæ. Æрæджийау, дам, Мæрзойы чызг смой кодта Зæнджиаты Знаурæй.

Ис ма таурæгъ, Мæрзойтæ Тъæпæн Дыгуры æмæ Уæллагкомы куыд фæзындысты, уый тыххæй дæр. Садоны комы чидæр амардта Мæрзойтæй лæг. Мæрзойтæн сæ къухы не ‘фтыд сæ туг райсын. Уæд Мæрзойтæй дыууæ æфсымæрæй Гуырдзыйы бацыдысты æххуырсты. Цалдæр азы фæстæ сæ сæрхъуын æмæ рихитæ даргъ æруадзгæйæ фæстæмæ æрбаздæхтысты Уæлладжырмæ. Райдыдтой кæрдтæ, кæрдæнтæ æмæ æндæр ахæмтæ уæй кæнын, æмæ уый æфсонæй бацыдысты сæ туджджынты хæдзармæ æмæ сæ туг райстой. Сæхæдæг æрцардысты Гæлиаты. Фæстæдæр æфсымæртæй сæ иу æрбынат кодта Тъæпæн Дыгуры, Хъалнæгъты хъæуы, иннæ баззад Гæлиаты. Рацыд сын зæнæг æмæ зæнæджы зæнæг. Бирæтæ сæ фæлыгъдысты быдырмæ: Сырх Дыгурмæ, Æхсæрысæрмæ, Дзæуджыхъæумæ, Беслæнмæ. Ацы мыггагыл ма ис таурæгъ. Уымæ гæсгæ мыггаг фæзынд Уæлладжыры комы Ос-Бæгъатыры къабазæй. Ос-Бæгъатырæн уыд дыууæ фырты: Уæлладжыр æмæ Едис. Уæлладжырæн уыд æртæ фырты. Иу дзы хуынд Мызур. Уый æрцард, ныр Стыр Мызур кæм ис, уым. Мызур йæ иунæг чызг Тайсауы чындзы радта Гуырдзыйæ æрбафтгæ лæгæн… Мæрзойтæй Гæлиатмæ чи алыгъд, уыцы æфсымæр хуынд Бирæгъ, уымæ гæсгæ Мæрзойтæй бирæтæ сæхи схуыдтой Бирæгътæй.

Зындгонд адæм ивын

  • Мæрзойты Валерийы фырт Руслан — Дзæуджыхъæуы администрацийы культурæйы управленийы разамонæг.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.

Литературæ ивын

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 121–122.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 95–96.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 306–308.