Мæхъхъæлон литературæ

Мæхъхъæлон литературæ хауы, Октябры революцийы фæстæ чи фæзындис, уыцы националон литературæты къордмæ. Мæхъхъæлон литературæйы фæзынд баст уыди мæхъхъæлон фыссынад æмæ адæмон ахуырады фæзындимæ.

Мæхъхъæлон алфавитыл куыст райдыдта 1920-æм азы æмæ йæ сфидар кодтой 1922-æм азы, уыдис латинаг бындурыл. 1923-æм азы 1 майы цæуын райдыдта фыццаг мæхъхъæлон газет — «Сердало» (ныр дæр цæуы). Уыцы газеты литературон фарс сси фыццаг литературон периодон рауагъд мæхъхъæлонау.

Фыццаг фысджытæй сæ фылдæр ахуыр кодтой Дзæуджыхъæуы, 1924-æм азы кусын чи райдыдта, уыцы Мæхъхъæлон педагогон техникумы. Ахуыр дзы кодтой Идрис Базоркин, Хаджи-Бекир Муталиев, Хамзат Осмиев, Юсуп Чахкиев æмæ бирæ æндæртæ.

Депортацийы рæстæг мæхъхъæлон æвзагыл мыхуырæй ницы цыдис, æрмæст 1955-æм азы Хъиргъиз æмæ Хъазахстаны райдыдта мæхъхъæлон æвзагыл чингуыты рауагъд. Уæд 1955–1957 азты мæхъхъæлон литературæйы консультантæй Хъазахстаны ССР-йы фысджыты цæдисы куыста Хамзат Осмиев.

1958-æм азæй цæуы литературон альманах «Лоаман Iуйре» (Хæхты райсом).