Мадизæны дзуар
(Мадизæн-æй æрвыст)
Мадизæны дзуар — адæм сæхи тынг кæуыл фæдзæхстой, уыдонæй уыд иу. Хуыдтой ма йæ Дагомы Уастырджийы дзуар, Дагомы зæронд Уастырджи[1]. Бæрæгбонмæ цыдис бирæ адæм, суанг ма Балхъарæй дæр.
Мадизæн ис Цъамадæй Дагоммæ фæндагыл.
Дзуарæн уыдис стыр тых. Кувæндоны-иу бафидыдтой карз туджджынтæ дæр. Куы-иу бафидыдтой, уæд-иу систой фæйнæ дуры æмæ-иу сæ кувæндоны сæвæрдтой. Уый уыди, кæй бафидыдтой, уый ардбахæрыны хуызы.
Ацы бæрæгбон уыдис тынг кадджын. Мадизæны куывды-иу цы тæрхон рахастой, уымæн аивæн ницы хуызы уыдис, æнæмæнг уыдис æххæстгæнгæ.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Калоев Б.А. Осетины: Историко-этнографическое исследование / Б.А. Калоев; Ин-т этнологии и антропологии им. Н.Н. Миклухо-Маклая. 3-е изд., испр. и перераб. — М.: Наука, 2004. — 471 с.