Мамыттæ[1][2] кæнæ Мамыттатæ[1], Мамытатæ[1] (уырыс. Мамитовы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Зæрæмæджы æппæты разæй Мамыттæ æрцардысты. Кæмдæр хос карстой æмæ сæ иу аг цыхцыры бын бавæрдта. Агмæ кæлмытæ ныббырыдысты. Уыдон талынджы æрцыдысты уыгæрдæнæй, кусарт акодтой, аджы йæ бафтыдтой æмæ йæ сфыхтой. Хæринагæй куы бахордтой, уæд фæцагъды сты. Æрмæст ма дзы фервæзт иу сывæллон. Уый уыди йæ мады хъæбысы. Мад та барысчъи дардта æмæ дзидза нæ хордта. Уый руаджы уыдон аирвæзтысты. Зæрæмæджы ничиуал и, уый куы базыдтой, уæд æм Нузалæй балыгъдысты Азаутæ æмæ Фидаратæ.

Ус лæппуйы йæ цæгатмæ фæхаста — Цъæймæ, æмæ йæ уым схъомыл кодта. Йæ ном лæппуйæн Мамытт хуынди. Мамытт куы байрæзт, уæд абырæг рауад. Кæсæгæн адæм уæй кодта. Цы бинонтæ-иу уæй кодта, уыдонæн-иу сæ уæлкъæсæр хæмыцырихийы гуцъула сæвæрдта. Иу хæдзары уæлкъæсæр та Мамытт хæмыцырихи авæрдта. Уыдонæн сæ ног чындз уынгмæ ракаст. Уый кæрдæг федта, æмæ йæ хæдзары бинонтæн загъта. Бинонты хистæр хæмыцырихийы цъылын йæхи уæлкъæсæр сæвæрдтой Мамыттæн. Æмæ изæрæй кæсæг Мамыттæн йæхи бинонты ахастой. Уæд Мамытт Цъæйæ ралыгъд Зæрæмæгмæ. Уыцы лæгæй рацыд Мамытты мыггаг.[3]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 1,2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  3. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.