Маракана
«Маракана́» (порт. Estádio do Maracanã; официалон ном у «Журнали́шта Ма́риу Фи́лью» (порт. Estádio Jornalista Mário Filho)) — Бразилийы стырдæр футболон стадион, раздæры та — дунейы стырдæр. Æрбынат кодта Рио-де-Жанейройы. У дыууæ клубы хæдзарон стадион («Фламенго» æмæ «Флуминенсе»), хъазы дзы бæстæйы иугонд командæтæ дæр (алы кары). Штаты æндæр клубтæ дæр арæх хъазынц «Маракана»-йы, кæд сæм сæхи стадионтæ ис, уæддæр. «Маракана»-йы цæуынц Кариокæйы Лигæйæн йæ финалон матчтæ дæр.
Маракана | |
---|---|
Æнæхъæн ном | Мариу Филью |
Оригиналон ном | Estádio do Maracanã |
Цы ран ис | Рио-де-Жанейро, Бразили |
Бындур æвæрд æрцыдис | 1948 |
Арæзтад фæци | 1950 |
Байгом и | 1950 |
Рацарæзт |
(1999 – 2000); (2005 – 2007); (2010 – 2012) |
Хицау | Рио-де-Жанейро |
Бæрцуат | 78 838 |
Хæдзарон командæ | Фламенго[d] æмæ Флуминенсе[d] |
Сайт | suderj.rj.gov.br/maracan… |
Викикъæбицы медиа |
2014-æм азы дунейы чемпионат футболæй
ивын2014-æм азы дунейы чемпионаты дæргъы стадионы цыдысты 7 хъазты: 4 къорды къæпхæны æмæ 3 плей-офф.
Дата | Раунд | Матч | Счёт |
---|---|---|---|
15 июны 2014 | Къорд F | Аргентинæ — Босни æмæ Герцеговинæ | 2:1 (1:0) |
18 июны 2014 | Къорд B | Испани — Чили | 0:2 (0:2) |
22 июны 2014 | Къорд H | Бельги — Уæрæсе | 1:0 (0:0) |
25 июны 2014 | Къорд E | Эквадор — Франц | 0:0 (0:0) |
28 июны 2014 | 1/8 финал | Колумби — Уругвай | 2:0 (1:0) |
4 июлы 2014 | 1/4 финал | Франц — Герман | 0:1 (0:1) |
13 июлы 2014 | Финал | Герман — Аргентинæ | 1:0 (0:0) д. в. |
2016-æм азы Олимпиаг хъæзтыты футболон турнир
ивынАцы стадионы цыдысты Олимпиаг футболон турниры цыппар хъазты — фæйнæ иу æрдæгфинал æмæ сызгъæрин майданты тыххæй хъазт нæлгоймæгтæм æмæ сылгоймæгтæм.
Датæ | Раунд | Матч | Хыгъд |
---|---|---|---|
16 августы 2016 | Æрдæгфинал, сылгоймæгтæ | Бразили — Швеци | 0:0 (0:0), п. 3:4 |
17 августы 2016 | Æрдæгфинал, нæлгоймæгтæ | Бразили — Гондурас | 6:0 (3:0) |
19 августы 2016 | Финал, сылгоймæгтæ | Герман — Швеци | 2:1 (0:0) |
20 августы 2016 | Финал, нæлгоймæгтæ | Герман — Бразили | 1:1 (0:1) п. 4:5 |