Махъоты Алихан
Махъоты Амурханы фырт Алихан (уырыс. Макоев Алихан Амурханович; райгуырдис 1922-æм азы 17 июлы – амардис 1981-æм азы 27 мартъийы) — Советон Цæдисы хъæбатыр. 295-æм æхсæг дивизийы 1042-æм (раздæр 885-æм) Сырхтырысаджын æхсæг полчы батальоны командир. Дæлбулкъон.
Махъоты Алихан | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1922-æм азы 17 июлы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1981-æм азы 27 мартъийы (58 азы) |
Мæлæты бынат | |
Хуындад | дæлбулкъон[d] |
Тохтæ | |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Цардафыст
ивынМахъоты Алихан райгуырдис 1922-æм азы 17 июлы Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы Цыколайы.
1941-æм азы январы ацыдис Сырх Æфсадмæ. Каст фæцис Дзæуджыхъæуы дыккаг фистæгæфсæддон училище. Сси кæстæр лейтенант, уырдыгæй 1942-æм азы январы ацыд фронтмæ куыд пулемётон взводы командир. 1942-æм азы майы — лейтенант, пулемётон ротæйы командиры хæдивæг. 1942-æм азы августы — ротæйы командир. 1942-æм азы декабры — хистæр лейтенант. 1943-æм азы июны — батальоны штабы хистæр. 1943-æм азы ноябры — батальоны командир. 1944-æм азы июны — капитан. 1944-æм азы декабры — майор. Стыр Уæлахизы бон æрыййæфта Берлины.
Махъоты хæсты авд хатты цæф фæцис.
1946-æм азы 15 майы ССР Цæдисы сæйраг Советы Президиумы указмæ гæсгæ тохы быдыры командæгæнджыты хæстон бардзырдтæ цæсгомджынæй æххæст кæнын æмæ немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ стыр арæхст æмæ хъайтардзинад равдисыны тыххæй Махъоты Амурханы фырт Алиханæн лæвæрд æрцыдис Советон Цæдисы Хъæбатыры ном.
Æфсадæй рацыд 1956-æм азы дæлбулкъоны цины. Цардис Октябрыхъæуы Цæгат Ирыстоны Горæтгæроны районы.
Амардис 1981-æм азы 27 мартъийы. Ныгæд æрцыдис Цыколайы мемориалон уæлмæрдты.
Хæрзиуджытæ
ивын- Советон Цæдисы хъæбатыр
- Ленины дыууæ орденæй (1944), (1946)
- Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны орден (1944)
- Сырх Тырысайы орден (1943)
- Александр Невскийы орден (1945)
- «Кавказ бахъахъхъæныны тыххæй» майдан
- «1941-1945 азты Германы фæуæлахизы тыххæй» майдан æмæ æндæр хорзæхтæй
Хъæбатыры ном мысгæйæ
ивынМахъоты ном хæссы Цыколайы уынг. Ирыстоны ис Махъоты номыл турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй.