Мацуо Басё (райгуырдис 1644-æм азы — амардис 1694-æм азы 28 ноябры) уыди цытджын япойнаг поэт, æмдзæвгæты теоретик, стыр ахъаз фæци поэтикон жанр хайкайы срæзынæн.

Мацуо Басё
яп. 松尾芭蕉[1]
Гуырæн ном яп. 金作
Райгуырды датæ 1644[2][3][…]
Райгуырæны бынат Уэно, Игайы провинци
Мæлæты бон 1694-æм азы 28 ноябры(1694-11-28)[4][5]
Мæлæты бынат Осакæ
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, фыссæг
Жанр хайкай[d]
Уацмысты æвзаг япойнаг[6]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Райгуырди Игайы провинцийы Уэнойы сахары (ныры Миэйы провинци), самурайы хæдзары. 1664 азæй райдыдта поэзи ахуыр кæнын. 1672 азæй та кодта паддзахадон куыст Эдойы (ныры Токио), стæй сси поэзийы ахуыргæнæг. Йе ’мдугонты ’хсæн уыди рэнгайы дæсныйыл нымад. Басё уыди хоккуйы жанры æмæ йе эстетикæйы сфæлдисæг. Йæ стилы ис фидауцджын хуымæтæгдзинад, ассоциативад, дунейы гармони бамбарыны арфад.

1680-æм æзты Басё, буддистон Дзен-скъолайы философийæ тæлмæндзагæй, йе сфæлдыстады бындуры бавæрдта «ирдхъуыдады» принцип. Йæ поэтикон бынтæ сты 7 антологийæ æвдыст, йæхи æмæ йæ ахуыргæнинæгтæй конд: «Зымæгон бонтæ» (1684), «Уалдзæгон бонтæ» (1686), «Æмыр быдыр» (1689), «Хъуырой-нас» (1690), «Маймулийы хъæмп-пæлæз» (1-аг чиныг 1691 азы, 2-аг — 1698 азы), «Æвзалыйы голлаг» (1694); ноджы ма æмдзæвгæ æмæ прозæ хæццæ фыст лирикон бонвыссæнтæ (æппæтæй хъуыстгонд сæ у «Цæгаты надвæндагтыл»), уыймæй уæлдай ма чингуытæм æмæ æмдзæвгæм разныхæстæ; поэтикон сфæлдыстадон процессы цæстангас æмæ аивадыл хъуыдытæй дзаг фыстæгтæ.

Басёйы поэзи æмæ эстетикæ стыр тæфаг дардтой, куыд æмбисæнусты Японы литературæйыл, афтæ ма мах дуджы оныл дæр.

Меркурийы иу кратер хуыйны Басёйы номæй.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Japan Search (яп.) — 2020.
  2. Краткая литературная энциклопедия (уырыс.)Москва: Советская энциклопедия, 1962.
  3. Харт М. Bashō Matsuo // Проект «Гутенберг» (цалд.)Project Gutenberg Literary Archive Foundation, 1971.
  4. Bashô Matsuo // Babelio (фр.) — 2007.
  5. Архив изобразительного искусства — 2003.
  6. CONOR.Sl