Мечиев, Казим Беккийы фырт

Кязим Беккийы фырт Мечиев (хъæр.-балхъ. Мечиланы Беккини джашы Казим; 185915 мартъийы 1945) — балхъайраг поэт, балхъайраг литературæйы бындурæвæрджытæй иу.

Казим Беккийы фырт Мечиев
Райгуырды датæ 1859-æм азы 22 январы(1859-01-22)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1945-æм азы 15 мартъийы(1945-03-15) (86 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт
Уацмысты æвзаг хъæрæсейаг-балхъайраг
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

Кязим Мечиев райгуырдис уæлхох балхъайраг хъæу Шыкыйы, ныртæккæйы Кæсæг-Балхъары Цæрæчы районы территорийыл. Йæ фыд Бекки уыдис хуымæтæг æрмгусæг — адæм æй хорз зыдтой йæ къухдæсныйы руаджы. Уыди йын аст сывæллоны. Кязим æрдзæй рахаста къуылых, фæлæ уæддæр йе ’фсымæрты æмрæнхъ æххуыс кодта йæ фыдæн куырдадзы. Уымæй уæлдай ма суинаг фыссæг, фыццаг бынæттон эфендимæ, фæстæдæр хæстæгдæр æмæ стырдæр хъæу Æвзæнджы (Безенгийы), ахуыр кодта араббаг æвзаг æмæ чингуытæ кæсын. Уый фæстæ Кязим адарддæр кодта йæ ахуыр Лескены медресейы. Ам йæ ахуыры сæр уыдысты шариаты бындуртæ, пехуымпарты цардафыстытæ, пысылмон дины истори. Медресейы ма райста географи æмæ астрономийы райдайæн зонæнтæ, базонгæ ис араббаг поэзиимæ, сахуыр кодта скæсæйнаг стихамад. Сахуыры фæстæ Кязим сыздæхти йæ райгуырæн хъæумæ æмæ райдыдта фæстæмæ кусын куырдадзы. Мечиев, дингæнаг адæймаг уæвгæйæ, нæ ныууагъта кæсын дины чингуытæ æмæ скæсæйнаг поэтты уацмыстæ.

Йæ царды дæргъы Кязим æртæ хатты скодта хадзы, уыди балцыты Хæстæг Скæсæны.

1944-æм азы балхъайраг адæм депортацигонд æрцыд Астæуккаг Азимæ. Йæ адæмимæ ахастæуыд Кязим Мечиев дæр.

Фыссæг фæзиан ис æцæгæлон бæсты 1945-æм азы 15 мартъийы, Хъазахстаны Талды-Курганы облæсты. Ныгæд дæр уым æрцыд. 1999-æм азы йæ мард раластой Кæсæг-Балхъармæ æмæ баныгæдтой Налцыччы.

Æддаг æрмæг

ивын