Унамуно, Мигель де

Мигель де Унамуно-и-Хуго (исп. Miguel de Unamuno y Jugo; райгуырдис 1864-æм азы 29 сентябры, Бильбаойы — амардис 1936-æм азы 31 декабры, Саламанкæйы) уыдис испайнаг философ, фыссæг, æхсæнадон архайæг, «98-æм азы фæлтæры» зынгæдæр минæвар.

Мигель де Унамуно
исп. Miguel de Unamuno y Jugo
исп. Miguel de Unamuno
Гуырæн ном исп. Miguel de Unamuno
Райгуырды датæ 1864-æм азы 29 сентябры(1864-09-29)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1936-æм азы 31 декабры(1936-12-31)[3][1][…] (72 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Альма-матер
Уацмысты æвзаг испайнаг
Здæхт 98-æм азы фæлтæр
Интерестæ философи[d]
Тæфагæй Сёрен Кьеркегор[d], Артур Шопенгауэр[d], Карл Маркс, Фердинанд Лассаль[d], Михаил Бакунин[d], Аврелий Августин[d], Блез Паскаль[d], Марк Аврелий[d], Жан-Жак Руссо[d] æмæ Доминго Фаустино Сармьенто[d]
Хорзæхтæ
Къухфыст Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Лæппуйы бонтæ

ивын

Унамуно райгуырдис сæудæджергæнæджы бинонты ’хсæн, уыдис баскты адæмыхаттæй æмæ йæ мадæлон æвзаг уыдис баскаг, фæлæ фысгæ кодта испайнагау. Бинонты ’хсæн рахъомыл ис католикон традицимæ гæсгæ, иу рæстæджы ма йæ фæндыдис сауджын суын.

Ахуырад

ивын

1880-æм азы Унамуно бацыдис Мадриды университеты Философи æмæ гуманитарон зонæдты факультетмæ. Каст æй фæцис 1884-æм азы æмæ райста докторы къæпхæн. Мигель æрыздæхтис йæ райгуырæн Бильбаомæ. Уым уый уыдис латинаг æвзаджы ахуыргæнæг астæуккаг ахуырдæтты. 1891-æм азы Унамуно ракуырдта Кармен Лисаррагайы. Иумæ амондджынæй фæцардысты бирæ азты дæргъы æмæ схъомыл кодтой аст сывæллоны. Уыцы аз Унамуно йæ бинонтимæ æрцардис Саламанкæйы. Саламанкæйы университеты йын раттой бердзенаг æвзаг, антикон литературæ æмæ философийы профессоры бынат. 1901-æм азы та Унамуно ссис ацы ахуырдоны ректор.

Фæтард

ивын

1924-æм азы, Примо де Риверайы диктатурæйы ныхмæ йæ раныхæсты тыххæй, Унамуно хаст æрцыдис Канары сакъадæхтæм. Уырдыгæй Мигель бархийæ афтыдис Францмæ. Йæ райгуырæн бæстæм фæстæмæ раздæхтис 1930-æм азы. 1931–1932-æм азты уый уыдис Кортесты депутат. Унамуно æргомæй дзырдта республикæйы ныхмæ. Философмæ гæсгæ ацы хицауиуæджы формæйæн йæ бон нæу мидбæсты саразын сабыр цард æмæ сæнæмæнг кæнын национ иудзинад. Франкистты бунты фыццаг къуыриты Унамуно рахæцыдис растджыты фарс, фæлæ 1936-æм азы октябры уый æргомæй цæхгæр рафаудта франкистты, æмæ йæ уый фыдæй рацух кодтой ректоры бынатæй æмæ йæ скодтой хæдзарон ахæст. Йæ амæлæты хæдразмæ Унамуно фыста: «Æз нæ зонын, ног хицауад чи фидар кæны, уыцы къазармон æмæ динон моны цæдисæй æлгъагдæр хъуыддаг».

Фиппаинæгтæ

ивын