Мистраль, Фредерик

провансайлаг поэт æмæ филолог

Фредерик (Фредери) Мистраль (фр. Frédéric Mistral, окс. Frederic Mistral/Mistrau; райгуырдис 1830-æм азы 8 сентябры, Майаны — амардис 1914-æм азы 25 мартъийы) — провансайлаг поэт æмæ филолог.

Фредерик Мистраль
Frédéric Mistral
Гуырæн ном фр. Joseph Étienne Frédéric Mistral
Райгуырды датæ 1830-æм азы 8 сентябры(1830-09-08)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1914-æм азы 25 мартъийы(1914-03-25)[1][2][…] (83 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Ахуырад
Архайды хуыз поэт
лексикограф
Жанр поэзи
Уацмысты æвзаг окситайнаг
Хорзæхтæ
Автограф Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цард æмæ сфæлдыстады афыст

ивын

Къорд къаннæг пьесæйы окситайнагау сфæлдисыны фæстæ Мистраль ныффыста, чиныгкæсджытæ æхсызгонæй кæуыл сæмбæлдысты æмæ Францы академийы преми чи райста, йæ уыцы номдзыд хъæууон поэмæ «Мирей» («Miréio», 1859-æм азæй францаг тæлмацимæ). Фæстæдæр автор сюжеты бындурыл сарæзта, Шарль Гуно музыкæ кæуыл ныффыста, уыцы оперон либретто («Mireille»).

Поэмæйы æвзаг æвæрд æрцыд окситайнаг æвзаджы литературон нормæйы бындурæн.

Литератор ма ныффыста ахæм уацмыстæ: поэмæ «Calendeau, pou é mo nouveau» (1867), æмдзæвгæты æмбырдгонд «Lis isclo d’or» (1875), æмдзæвгæтæй фыст уацау «Nerto» (1884), трагеди «Reino Jano» (1890), поэмæ «Pouèmo dóu Rose» (1897), æмдзæвгæты чиныг «Oulivado» (1912) æмæ æндæртæ. Фредерик Мистраль у окситайнаг æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты автор. Ацы дзырдуат («Lou Tresor dou félibrige» — «Фелибрижы хæзнадон», 1879—1886) у окситайнаг æвзаджы хъæздыг æмбырдгонд.

Мистраль уыди, «Revue félibrienne»-йы саразджытæй иу. Ацы мыхуыры оргæн тох кодта Провансы хæдбындур æгъдæуттæ бахъахъхъæныл.

Премитæ æмæ хорзæхтæ

ивын

Мистралы 1904-æм азы схорзæхджын кодтой литературæйы Нобелы премийæ — «Адæмы зæрдæ рæстæй чи æвдисы, уыцы уацмысты ног æмæ оригиналондзинады тыххæй».

Æрвитæнтæ

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Frederic Mistral // Encyclopædia Britannica (англ.)
  2. 2,0 2,1 Frédéric Mistral // Babelio (фр.) — 2007.
  3. 3,0 3,1 Мистраль Фредерик // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  4. база данных Léonore (фр.)ministère de la Culture.
  5. база данных Léonore (фр.)ministère de la Culture.
  6. Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.