Мультипликаци (лат. multiplicatio) кæнæ анимаци (лат. animare) — киноаивады хуыз, кæй уацмыстæ сæвзæрынц фæд-фæдыл цæуæг нывты змæлды фазæты кадргай хуызисгæ методæй (графикон æмæ нывгонд мультипликаци), æмæ бæрцуатон (бæрцуатон æмæ гыкъына-мультипликаци) объекттæй.

Мультипликацийы аивады кусынц мультипликатортæ (аниматортæ).

Технологи

ивын

Мультфильмтæ (мультипликацийы æххæстдзыд продукт) скондæуынц кæнæ æнæзмæлгæ объектты санчъехгай æрмон равæр-бавæргæнгæйæ æмæ сæ кадргай исгæйæ, кæнæ та объектты змæлды фазæтæ ныннывгæнгæ (целлулоидыл, гæххæтыл йе та компутеры) æмæ сæ дарддæр иу видеорæгъмæ сæмбынат кæнын.

Истори

ивын

Мультипликацийы истори райдыдта 1877 азы 20 июлы Францы, хæдахуыр-индзылер Эмиль Рейно куы сарызта праксиноскоп. 1982 азы 28 октябры Гревины Музейы, Парижы «оптикон театр»-аппаратæй пайдагæнгæ, фыццаг хатт æвдисы графикон тæлм.

Фыццаг мультфильмтæ уыдысты къухæй нывтæ æмæ хъулæттæ пантомимæтæ суанг 15 минуты дæргъæнæн. Уыцы рæстæджы дæр ма уыди сæ бон хуызисттимæ синхронизацигонд зæлвæсдзыд кæнын. Рейно ноджы скодта мультфильмтæ, кæдоны пайдауыдысты куыд нывтæ, афтæ ма къамтæ дæр. Мультипликацийы райтынгады тыххæй дарддæр бавæрд хастой æндæр мультипликатортæ, алыхуызон жанрты æмæ техникæты сæхи хуызнывтæ аразгæ.

Номджын датæтæ

ивын
  • 1987-æм аз — А. Мелбурн-Купер систа фыццаг мультипликацион нывтæн сæ иуы (кремтæ кæнынæн ссадæджы рекламæ)
  • 1906-æм аз — Марияйы театры балетмейстер Ширяев Алыксандыр сæвзæрын кодта фыццаг гыкъынон мультфильм 12 фигурæтæй æнæзмæлгæ декорациты фоныл кафгæйæ.
  • 1906-æм аз — Америкæйаг компани «Vitagraph Company of America» рауагъта фыццаг мультфильм киноплёнкæйыл — «Humorous Phases of Funny Faces».
  • 1936-æм аз — Советон Цæдисы бындурæвæрд æрцыд киностуди «Союзмультфильм» (сæрæй уыд куыд — «Союздетмультфильм»).
  • 1958-æм аз — фыццаг мультипликацион фильмтæ Японы фæзынын кодтой дæлжанр аниме.
  • 1968-æм аз — экрантыл рацыд Качанов Роман мультфильм «Кæфхъуындар Генæ», кæцыйы ма фæзынд Чебурашкæ.
  • 1969-1993-æм азтæ — фыццаг советон-уырыссаг мультсериал Котёночкин Вячеславы ист «Ну, погоди!»
  • 2003-æм аз — «Ёжик в тумане» нымад æрцыд алы заманты ’мæ адæмыхаттыты хуыздæр мультфильмыл, 140 æндæр ’мæ ’ндæр бæстæтæй кинокритикы æхсæн æрфæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.

Истори персонажты

ивын
  • 1914 азæй 1928 азмæ алкæмæй фыццаг номдзыд мультперсонаж уыд гæды Феликс.
  • 1920-æм æзты — нывгоймæгтæ клоун Коко æмæ Бетти Буп, наудзог Попай æмæ гæды Крейзи.
  • 1928-æм азы фæзынд мыст Микки.
  • 1938-æм азы — тæрхъус Багз, кæцымæ бамбал сты гæды Сильвестр, дзиба Туитти, бабыз Даффи, хъыбыл Порки, койот Уайл И. æмæ Фæндаглидзæг.
  • 1940-æм азы рацыдысты «Том æмæ Джерри» æмæ ма хъæдхой Вуди.
  • 1960-1966-æм азмæ Флинстоунты бинонтæ.
  • 1987-æм азы фæстæмæ — Симпсонты бинонтæ.
  • 1999-æм азы та — Футурамæ, Гриффинтæ æмæ Квадратон Хæлаф Мæцъæг Боб.