Тимур Муцураев (цæц. Муцурай ХIамзат-кIант Темур) у зындгонд цæцæйнаг бард, зары фылдæр уырыссагау. Райгуырдис 1976-æм азы 25 июлы Грознайы сахары.

Тимур Муцураев
цæц. Муцӏургӏеран Хьамзатан кӏант Тимур
Райгуырды датæ 1976-æм азы 25 июны(1976-06-25) (48 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Професситæ поэт, автор-æххæстгæнæг, каратист
Сфæлдыстады азтæ 1991
Инструменттæ акустикон гитарæ[d]
Жанртæ авторон зарæг[d]

Каст фæци Грознайы 30-æм астæуккаг скъола. Йæ сабибонтæй уыди æнувыл спортыл. 1991-æм азы сси Цæцæн-Мæхъхъæлы чемпион каратэйæ.

1994-æм азæй хæцыди Цæцæны фыццаг хæсты. Сержень-Юрты хъæуы фæци уæззау цæф.

Тимур Муцураев у Цæцæны хæдбарыл æмæ пысылмон диныл фыст зарджыты автор-зарæггæнæг. Йæ зарджытæ фыссы уырыссагау æмæ уый охыл йæ сфæлдыстад у популярон канд йæ æмбæстæгты ’хсæн нæ, фæлæ раздæры Советон Цæдисы бирæ æндæр адæймæгтæм.

Тимуры иуæй-иу зарджыты тексттæ ныффыстой йæ хæлæрттæ.