Мысыкаты Темболат
Мысыкаты Тепсарыхъойы фырт Темболат (райгуырди 1875 азы Бруты) у ирон кадæггæнæг, музыкант.
Мысыкаты Темболат | |
---|---|
Райгуырды датæ | 29 июны (11 июлы) 1875 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1962-æм азы 26 майы (86 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | музыкант, кадæггæнæг |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынМысыкаты Тепсарыхъойы фырт Темболат райгуырди 1875 азы Бруты зæхкусæджы хæдзары. Йæхæдæг дæр хæрз сабийæ зæронды бонтæм кодта зæххы куыст. Темболат фынддæсаздзыдæй фæцалх хъисын фæндырæй цæгъдыныл. Ахуыр та сси джимарайаг номдзыд кадæггæнæг Хъалæгаты Иналдыхъойыл, стæй Тменыхъæуы (йæ фыдæлтæ Брутмæ уырдыгæй ралыгъдысты) дзыхарæхст æмæ фæндырарм лæгтыл.
Бруты зæрæдтæ-иу арæх æрбамбырд сты Гæрæнтæм (сæ фос уырдæм тардтой) æмæ кодтой аргъæуттæ, кадджытæ, зарджытæ, дзырдтой алы хъæлдзæг хабæрттæ. Уæлдай хуыздæр бахъуыды кодта æвзонг Темболат Цъæхилты Бибойы. Уымæн «йæ хорз зарджытæн, йæ хорз кадджытæн кæрон кæм уыди?» Лæппу йæм хъусынæй не ’фсæсти.
Литературæ
ивын- Брутæгтæ. Журнал «Мах дуг», 2000 аз, №10